Гарачие хачапури с сиром!

Байриат! Отпускæй чи рацæуы куыстмæ, уыдоны номхыгъд æз дæр фæфылдæр кодтон. Мæ фæлладуадзæн бонтæ арвыстон Абхазийы. Уый тыххæй уын мæ зæрды ис радзурын. Æмæ йæ кæнгæ дæр бакæндзынæн. Æрмæст райдайдзынæн, фæстæмæ здæхæн бон цы цауæн уыдтæн æвдисæн, уымæй. Табуафси…

Сухумæй Уæрæсейы арæнырдæм уыйбæрц бирæ дæр нæма рацыдыстæм… Фæндагыл иу-ссæдз минуты уыдыстæм. Микроавтобусы адæмæй дыууæ хатты фылдæр та — сæ хызынтæ. Хызын дæр ма хызыны хуызæн куы уыдаид – раст уæзласæн хæдтулгæйы уаргъæй ницæмæй хицæн кодта! Кæмдæр-иу фæстейы рæстæгæй-рæстæгмæ æртæ мæскуыйаг лæппуйы уынæр райхъуыст. Сæ ныхасы хъæдæй сæ базыдтон, мæскуыйæгтæ сты, уый: æппынæдзух фæйнæрдæм джихтæ кодтой, «псссмари, чё з` крсааата», зæгъгæ. Иучысыл рæдау абхазæгты сæнæй хъæстæ уыдысты, уый фыццаг нæ базыдтон. Æвæццæгæн, зæгъын, хох æмæ денджыз кæрæдзийыл куыд узæлынц, уый никуы федтой.

Фæлæ сæ разæй бадæг чызгмæ дзырдæппарæнтæ кæнын куы райдыдтой, уæд æй фембæрстон, сæрымагъзы цыдæр хъуыдытæй уæлдай нозты уылæнтæ дæр кæй гуылф кодтой. Сæ иу ныфсджындæр разынд: дзурынæй уæлдай чызджы къухыл ныззæгæл æмæ йæ бандоны сæрты исыныл ацархайдта. Сæ алыварс адæм схор-хор кодтой! Уæддæр уазæг йæ фæндыл йæ зæрдæ нал ивта. Уалынмæ… хафт! Дыккаг!.. Æртыккаг!.. Цыппæрæм йæ цæстыты цур урæд куы нæ `рцыдаид, уæд фындз базгъæлæнтæ уыдаид! Чызджы «сæраппонд» чи стох кодта, уыцы нæмæг разынд бынæттон цæрæг, иу-дæс æмæ ссæдз азы кæуыл цыдис, ахæм лæппу. Йæ цæстытæ цæхæр калдтой, адæм ыл куы нæ ныффидар уыдаиккой, уæд чызгыл дзурæг саунад баййæфтаид. Кæрæдзийæн амæй-ай æвзаргæдæр ныхæстæй цы нæ ракалдтой, ахæм нал баззад. Фæстагмæ уазæг удисæн æрдиаг ныккодта: «Ау, ме `хцайы руаджы куы цæры уæ республикæ, уæд мын мæ хæмхудтæ куыд хойут?!» Мæныл цыма исчи фыцгæ дон басæххæтт кодта, уыйау фæдæн. Дарддæр ма дзы чи кæмæ цæмæй бадодой кодта, уый нал уыдтон. Мæ сæрæй уыцы ныхас нал хицæн кодта æнæхъæн фæндаг…

аб1

Цæвиттон, Абхазимæ фыццаг хатт нæ бафтыдтæн. Ныр цалдæр азы уырдæм ацæуын. Æнæмæнг, иунæгæй! Цæмæн, уый бамбарын кæндзынæн. Раздæр-иу араст стæм фондз, кæнæ та æхсæзæй. Нал мæ фæнды афтæ! Ныццу, æмæ-иу ме `мбæлттæй уайтагъд кæй сынтæг йæхимæ æрæлвæста, чи-иу нозтдзуан адзæгъæл, æртыккагæн æгæр тæвд уыдис (диссаг, цыма Арктикæмæ араст стæм?!), цыппæрæм та-иу дуканиты баззад! Бирæ сæ-иу нал хъуыд фæхыл уæвынмæ. Цал хатты сæ фервæзын кодтон ахæм цаутæй, уал хорзы уæ алкæйы дæр уæд! Æз дæр уæдæй фæстæмæ мæхицæн дзырд радтон, æрмæстдæр иунæгæй кæй цæудзынæн. Ныр æй зонгæ дæр ничи бакæны, афтæмæй та денджызы был балæууын. Мæ ацыд дæр мæхи бар æмæ ме `рбацыд дæр. Хуыцауы лæвар! Ныр дæр та афтæ рауад…

Адлеры вокзалæй арæнмæ иу-дæс минуты цыдæй фылдæр нæу. Фæлæ фидæны Олимпаг хъæзтыты тыххæй горæт йæ сæрыл хъен лæууы. Ам фæндаг аразынц, уым электрон тыхдæттæн телтæ ивазынц, фалдæр зæххы бынæй хæтæлтæ скалдтой, иннæ ран та хæхтæ фæлдахынц. Бынæттон цæрджыты раздæры цин хъынцъыммæ раивта: Мæскуыйы уынгтау сахатгай фæндæгтыл баззайынц. Абхазийы арæнмæ нæ цы шофыр ласта, уый дæр йæ райгуырæн бон æлгъитыны куыст кодта, цалынмæ нæ бахæццæ стæм, уæдмæ. Æмæ, æцæгæйдæр… Раст цыма Танзанимæ цыдыстæм, уыйау нæ фæндаг ныддæргъвæтин. Иннæ моралон цæф та арæныл райстам – уыйбæрц адæм рады лæугæ никуыма федтон. Къамы цас уынут, æртæ ахæмы та ма дзы фæстейы уыдис.

аб2

Дыууæ сахаты рацыд, афтæ хæдбар паддзахадмæ баирвæзтыстæм. Маршрутон такситæ дзы адæмæй фылдæр уыдис. Де `хца баппар, æмæ Абхазийæн йæ кæцы къуымæй нæ ракæсдзынæ, ахæм нал баззайдзæн. Раздæрау Сухум равзæрстон: адæм дзы къаддæр ис, æз та уæлдай дзолгъо-молгъойæ тыхсгæ фæкæнын. Стæй дзы денджыз дæр сыгъдæг у. Æппынфæстаг, сахуыр ыл дæн, йæ алы уынг дæр ын таксистæй æвзæрдæр нæ зонын.

Куы ныххæццæ дæн, уæд дзы уадиссаг ивддзинæдтæ ницы федтон. Хæсты хъæдгæмттæ ныр дæр ма бирæ рæтты зынынц. Хæдзæртты фæхстæ – хуынчъытæ, бирæты дзы цæрæг дæр нал баззад, фатерты дымгæ иннæрдæм къуыввитт кæны. Мæгуыргомау у йæ бакаст горæтæн. Фæлæ дзы цæст иунæг уæрæсейаг хæдтулгæйыл дæр нæ хæцы: алкæмæдæр – иуæй иннæ хуыздæр фæсарæйнаг «æфсæн бæх». Цавæр бæх?! Æфсургъ, раст! Изæры уыцы æфсургъты хицæуттæ æрæмбырд вæййынц, «фæсарæйнаг» уазджытæ тъысгæдзаг цы кафетæ æмæ ресторанты бавæййынц, уыдоны цур. Цæмæн, уый зын бамбарæн нæу, æвæццæгæн – чысыл гагитæ, мыййаг, куы не стæм. Бынæттон сæны цæугæдоны чи ныххауд, уыцы дзой-дзойгæнгæ чичыригæнаг чызгæн исты дуду ныхæстæ акæн æмæ дæ изæр цæттæ! Дыккаг бон, гæнæн ис, æмæ дæ «мæ цæстырухс», гъе та «мæ хъысмæты арынг» исты рахона, фæлæ ма йын йæ ном дæр чи хъуыды кæны…

Иухатт ахæм кафетæй иуы нæхиуæтты федтон. Уæвгæ, фыццаг хатт нæ. Фæлæ ныр мæ цæст бинонты хицауыл æрхæцыд, барменæн йæ сæр куыд дон кодта, ууыл. Нæ зонын, цы йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, уый, фæлæ-иу æппынæдзух йæ дзыппæй доллæрты баст фелвæста, бармены былты цур-иу æй аратил-батил кодта цыдæртæ дзургæ æмæ та-иу æй фæстæмæ афснайдта йæ дзыппы. Мæнæн мæ журналисты туг скуыста! Аивæй мæхи хæстæгдæр баластон… Мæ амондæн та лæджы къух ногæй дзыппы аивгъуыдта. «Æз дæ æд тъанг балхæндзынæн мæнæ адонæй!» зæгъгæ та, æхцаты гуыппар бармены цæсгомы цур азилдух кодта. Афтæ дæр æй нæ базыдтон, цæуыл æм фæхæрам, уый. Фæлæ кæд йæ дзыппы доллæртæ бæстытæй хæссы, уæд Абхазийы фаг йедтæмæ куыд нæ сси?! Гормон, дæ бинонты уæд иу хæдтæхæджы бавгæн æмæ сæ искуы Мальдивы сакъадæхтæй иуы равгæн! Абхазийыл сæ цы ныууагътай?! Нырма хил кæуыл нæ рахæцыд, уыцы бармены цы дæ разæй скодтай?!

Цыдæр æнахуыр æнкъарæнтимæ рацыдтæн уырдыгæй – фæлтау уыцы лæджы куы нæ федтаин. Æппынфæстаг, ирон куы нæ уыдаид…

аб4

…Уыцы бон хур иннæ бонтау тынг нæ сыгъта. Денджызы был афæстиат дæн сихормæ. Иу-дæс метры уыдис не `хсæн, афтæ былгæроныл иу сылгоймаг æд цот æрбынæттон ис. Сæ буары хуызмæ гæсгæ бæрæг уыд, ам фыццаг бон кæй не сты. «Мæймæ `ввахс!»- ахъуыды кодтон мæхинымæры. Уалынмæ денджызы уылæнты уынæрæй хъæрдæр хъæлæс азæлыд æгас былгæроныл: «Гарачие хачапури с сироооом!» Æвæццæгæн, мæныл хæрыны бардуаг йæ къух ауигъы, денджызы куы вæййын, уæд. Никуыма балхæдтон ахæм уæйгæнæгæй нæдæр «гарачий хачапури», нæдæр «гарачий кукурузÆ». Фæлæ йæм ацы сылгоймаг, чизоны, йæ цоты тыххæй фæдзырдта. Аргъæй йæ куы бафарста æмæ дзуапп куы райста, уæд йæ къухтæ сцагъта, «я вам тут не отдыхающая!», зæгъгæ. Æмæ дарддæр йæ биографи æххæстæй радзырдта. Бынæттон цæрæг разынд. Иудзырдæй, 3 хатты асламдæрæй хачапури йæхи бакодта. Цы уа, уый уæд, зæгъгæ, йæм æз дæр фæдзырдтон уæйгæнæгмæ. Фæлæ, марадз, зæгъай! Мæнæн æй æрмæстдæр «отдыхающийты» аргъыл радта! Ауазал уа, зæгъгæ, йæ мæ цуры æрæвæрдтон — æцæгæйдæр «гарачий» разынд. Фæлæ йæ, æцæг æххормаг чи уыд, ахæм мæллæг куыдз мæ цурæй ассывта. Мæнæй йæ ныфс нæ уыд, æвæццæгæн, давыныл дæр уымæн фæцалх. Æндæр ын æй мæхæдæг дæр радтаин, йе стæгдары дзæгъ-дзæгъ мæ цуры куы ссыдаид, уæд.

Ацы ныв мæ цæстæй нал хицæн кодта. Фæстæмæ цæугæйæ базарыл мæ фæндаг ракодтон. Цымæ, зæгъын, абоны мадзал куыд кусы, уыцы хъуыдыимæ апельсинты цур слæууыдтæн æмæ сæм æнæрвæссон кæстытæ райдыдтон. Мæ уæлæ, уæ фарн бирæ, «цыбырдыс» хæлаф уыд, уый мæ ферох. Сухумаг нæ дæн, уый æрмæстдæр уымæй уыд базонæн. Уæйгæнæгмæ йæ тæрхæгæй, хорз æмæ, нæ зынд. Аргъ мын куы загъта, уæд æз ныфсджынæй бынæттон цæрæджы ном хъахъхъæнын райдыдтон! Æмæ мæнæ диссаг – æмбис, дам, мын бафид æмæ ацу! О, куыннæ… Мæхицæй фефсæрмы дæн, радтон ын, цы `мбæлдис, уый æмæ рацыдтæн. Уæйгæнæг мæ фæдыл джихæй кæсгæйæ баззад. Изæры уыцы апельсинты дзæкъулимæ денджызы былмæ ацыдтæн мæйдарæй ахуырст уылæнты зарæгмæ хъусынмæ…

аб3

Иурæстæг мæ зæрды æрæфтыд Абхазийы Президентæй интервью райсын. Йæ ном йедтæмæ йын ницы зыдтон, афтæмæй Интернеты тыгъдад хуым кæныныл балæууыдтæн. Бирæ хабæрттæ дзы кодтой ацы адæймаджы тыххæй. Фæлæ дзы иуыл мæ цæст уæлдай тынг æрхæцыд: æппындæр, дам, журналисттимæ æмбæлын нæ уарзы. Цæй, мах нæхæдæг нæхи дæр нæ уарзæм, уымæй мæ нæ фæтæрсын кæндзынæ…

А-зæххыл æй цæмæй не сфæнд кодтон бафæрсын, уый нал баззад. Фæлæ мæнæ замана! Йæ пресс-службæйы дуар мын афтæ дæр байгом кæнын нæ бантыст. Афтæ мачи банхъæлæд, æмæ семæ ныхас дæр нæ акодтон! Ныхас нæ, фæлæ кæрæдзийæн арфæтæ кæнынæй нал æфсæстыстæм: æз – цæмæй сразы уой, уый тыххæй, уыдон – цæмæй сæ æнцад цæрын уадзон. Дыууæ къуырийы мыдамæст дзæнгæда куы фæцагътам, æрмæстдæр мæ уæд бауырныдта, мемæ фембæлын дзы кæй никæй зæрды уыдис.

Уæд-иу загътой, Уæрæсемæ ацыд, куы та йын рæстæг нæ уыд, стæй йæм адæм рады лæууыдысты, сæ фæстæ – æмбырдтæ, дам, æм ис иу иннæйы фæдыл, уыдонæй куы суæгъд, уæд та ногæй Уæрæсемæ ацыд. Цыбырдзырдæй, Интернет дæр хатт рæстытæ фæдзуры… Цæмæдæр мæм афтæ фæкаст, æмæ Ирыстонмæ абхазаг уацхæссæг куы фæзындаид, уæд æм æндæр цæстæй ракастаиккой.

аб6

Хатыр… Кæд, мыййаг, мæ хабæрттæй исчи бафæллад, уæд… Фæлæ мæ балцы кæронмæ æз дæр уыцы мæскуыйаг уазæджы хатдзæгтæм цæуын райдыдтон. Райсæм, зæгъæм, «æфсургъты» хицæутты… Кæй цæстмæ схъæлæй сæхи дариккой, Уæрæсейы туристтæ ардæм куы нæ ныххæррæтт кодтаиккой, уæд?! Кæрæдзийы? Ма мæ худын кæнæд мачи. Кæрæдзийæн, йæ хуылфы кæмæн цал тъанджы ис, уый дæр ма зонынц. Æндæр уыцы «гарачий хачапури», гæнæн ис, æмæ халоднийы онг дæр нæ ауæй уыдаид… Æндæр таксисттæ Адлеры вокзалы нæ ривæд кæниккой æхсæвæй-бонæй, поездты бæлццæтты сæдæгай арæнмæ скъæфгæйæ… Æндæр бармены сæрæй-къахмæ кæй бон у балхæнын, суанг ахæмты кафеты хицæуттæ мидæмæ кæсын дæр нæ уадзиккой… Æппынфæстаг, Абхази йæ Президенты разамындæй Уæрæсемæ нæ тырнид, не стыр цæгатаг сыхаг нæм ма фæхæрам уа, ма ныл фæхуда йæ зæрдæ, зæгъгæ! А-дыууæ боны мандаринтæ арæгъæд уыдзысты… Базонут æй фыццаг хъавдæй, кæдæм сæ ласдзысты, кæд æмæ цъæхбынæй дæр ныридæгæн Уæрæсейы дуканиты тæрхæджытыл сты?

Абхазийы хорздзинад мæ нæ фæнды, зæгъгæ, мæ мачи бамбарæд. Фæнды. Тынг! Фæлæ, дам, галы гутоны сой хæрæг асдæрдта. Уæвгæ, йæ ном – йæ уæлæ: хæрын æм цыдис æмæ йæ асдæрдта! Уæдæ йын цы кæна!? Гал æй уыны, фæлæ чъыллипп кæнын ахуыр нæу…

аб5

Æхсæвы тæрккъæвда рацыд. Арв æмæ зæхх кæрæдзийы хостой… Æнхъæл уыдтæн, цалынмæ Адлермæ хæццæ кæнон, уæдмæ ныддонласт уыдзынæн. Фæлæ райсомырдæм хур ногæй ракаст. Æвæццæгæн, уыцы хъуыддаджы Абхазийы фидæн символикон хуызы фæбæрæг. Хуыцау зæгъæд!

Сухумы автовокзалы адæм æмбырдтæ кодтой. «Æзфæраздæруон»-æй кæрæдзийæн сæ фæлладуадзæн бонты хабæрттæ дзырдтой. Мæнмæ гæсгæ, бирæтæ дзы зонгæ дæр нæ уыдысты. Фæлæ фидардзыхæй кæрæдзийæн ард хордтой, иннæ аз дæр та ацы ран кæй фембæлдзысты. Æз, сомытæ кæмæн кæнон, ахæмæй цух уыдтæн. Стæй ма иннæ аз æрцæудзынæн æви нæ, уый дæр дыууæйыл у. Цы бæрæг ис, уæд та мæ исты «испанитæ-мексикæтæм» æрфæндыд?

Уæрæсеимæ арæнмæ нæ цы маршрутон такси хъуамæ баскъæфтаид, уый шофыр адæмæй æхца уидзыныл фæцис. Æртæ бынаты ма йæм уыдис æмæ катай кодта… Уалынмæ йæм вокзалы иннæ кæронæй æртæ мæскуыйаг лæппуйы сæ ных сарæзтой…

СТАТЬИ
12.03.2024

Торговая сеть запустила новую акцию

26.11.2023

Все, что вы хотели знать о мерах соцподдержки мам

16.11.2023

Торговая сеть запустила предновогоднюю акцию

17.10.2023

Нового министра ВД по Северной Осетии Демьяна Лаптева представили личному составу ведомства

16.10.2023

Во Владикавказе проведут рейд по незаконным нестационарным торговым объектам

13.09.2023

В Северной Осетии появился ВкусВилл

Сообщить об опечатке

Текст, который будет отправлен нашим редакторам: