ЙÆ ЦÆСТЫСЫГ ДОНАУ МЫЗТИ…

…КÆНÆ ТА ЧЕЛЕЙЫ РЕИНКАРНАЦИ!

Фыццаг æй зонгæ дæр нал бакодтон Аланы… Фæасхуыз ис, сæрыхил ранæй-рæтты урс адардта, цæстыты æддаг къуымтæ лыстæг æнцъылдтæ кæнын райдыдтой… Кæддæры хъæрæй худт дзы нал фехъуыстон, кæд-иу гæзæмæ йæ мидбылты бахудт, æндæр. Фæлæ кæрæдзийыл зæрдиагæй бацин кодтам! Куыннæ ма, кæд æмæ 15 азæй фылдæр хорз хæлæрттæ стæм. Уынгæ та йæ иу-цыппар азы нæ фæкодтон. Ныр æндæр горæты цæры, фæлæ цы – æцæг æрдхæрдтæн та уый къуылымпыдзинад кæд уыдис?! Никуы! Афтæ мах дæр. Йæ бинойнагæй ахицæн, цæмæн, уый мын нæ загъта. Фæлæ мæм мæ зæрдæ афтæ дзырдта, цыма ме `мбалы аххос нæ уыд. Цы йæ зонын, уæдæй нырмæ бындз дæр никуы амардта, æвæццæгæн. Йæ мад мын кæддæр иу цау радзырдта. Саби, дам, ма уыдис, афтæ кæрты хъазыд æмæ æнæнхъæлæджы йæ къахы бын карчы цъиу фæцис. Цъиу, ай-гъай, балауыз ис, фæлæ а-лæппу йæхи марынмæ `рцыд карчы байзæддаджы тæригъæддаг хъысмæты тыххæй. Æз ма йыл уæд худгæ дæр фæкодтон, уый та мæм хæрам фæцис. Мад æй сабыртæ бæргæ кодта, фæлæ куыннæ, стæй! Уæдæй фæстæмæ карк дæр никуыуал аргæвста, йæ мад-иу сыхæгтыл зылди бахъуаджы сахат.

Цалынмæ ныхæстæ кодтам, уæдмæ йæ цалдæр фарсты бакодтон йæ ныййарджытæй. Фæлæ æваст бафиппайдтон, йæ фыды кой æппындæр кæй не скодта, уый. Кæд, мыййаг, а-дунейыл нал ис æмæ йæ æз нæ фехъуыстон, зæгъгæ, уый базоныны тыххæй йæ комкоммæ бафарстон. Уый мæм æрбакаст æмæ загъта, абон дæр мæ хъусты чи зæлы, уыцы ныхæстæ: «Мæнæн фыд куы уыдаид, уæд мæгуыр нæ уыдаин!» …æмæ æваст йæ цæстысыгтæ донау æрмызтысты. Стыр лæг æмæ скуыдта…

фото 1

Ирон адæм кадыл мард сты, фæзæгъынц. Искæй цæсты хи бафтауыны бæсты йын цыфæнды маст куы ракæнай, уæддæр дын æй ныббардзæн. Алан мын уæд цы хабæрттæ радзырдта, уый мæ уæлдай хатт баууæндын кодта ацы хъуыдыйыл. Йæ фыд знæт лæг уыдис, уый рагæй хъуыстон бирæтæй, кæд æмæ-иу мæ цуры тынг æгъдауджынæй æвдыста йæхи, уæддæр. Æз ма-иу дис дæр кодтон, мыййаг, кæд хахуырты дзуринаг дзæгъæлы сси ацы лæг, зæгъгæ.

Бинонты кой хæрзæрыгонæй нæ бакодта. Аланы мад сæ къонамæ куы `ркуывта, уæд фыццаг бонты кæрæдзийы хорз æмбæрстой. Чызг разынд æмбаргæ, кусаг, уæдæ удæй та – зæд! Хи хæдзары фæстæмæ дзурын дæр чи нæ зыдта, ахæм. Уый ма дын уæд искæй бинонтæн уынаффæтæ кæны?! Фæлæ хæдзары æрбаййæфта, моймæдзыд чи нæ уыд нырма, ахæм ходыгъдты. Уыдон уайтагъд фембæрстой, ног бинойнагыл сæ бон хуым кæнын кæй у. Æмæ, гъа! Сæ бæттæнтæ феуæгъд сты – чындз йæ цæрæн хæдзары кусаг бæхæй нал хицæн кодта, ходыгътæ та-иу сынтæджы сæрыл бадгæйæ сæ ныхтæ ахуырстой райсомæй-изæрмæ. Хуыздæр нæ уыд æфсин дæр: чындзмæ «куыдзы тугæй æхсад» æмæ «фосы мыггаг» йедтæмæ йæ номæй дзургæ дæр никуы скодта. Аланы мад-иу аивæй йæ цардæмбалы цæстыты исты æххуыс агуырдта, фæлæ уыцы «знæт» лæг йæ хотæм æмæ йæ мадмæ фæстæмæ фæкæсын дæр нæ уæндыд. Тæккæ райдианты йæ бинойнаджы сæрыл сдзырдта æмæ йын «бирæгътæ» йæ пакъуытæ ацагътой, кæуыл нæ баивынмæ хъавыс, ома?! Ууыл лæг фендæрхуызон къахæй-сæрмæ. Чындз, цы уацары бахауд, уый бамбæрста, фæлæ уæлæмæ ницы дзырдта.

Уæдмæ Алан дæр райгуырд. Кæд ныр йæ цардæмбал аивид, зæгъгæ, чындзы зæрдæйы цыдæр ныфсы муртæ фæзынд. Фæлæ йын уый арæндоны цы ныхас загъта, уый таурæгъты дзуринаг у: афтæ `нхъæл, дам, ма у, æмæ мæ цоты мæ мад æмæ мæ хотæй фылдæр уарздзынæн! Арвы цæф æруад чындзыл! Ахъуыды кодта арæндонæй йæ цæгатмæ ацæуыныл, фæлæ бирæ азты фæстæ йæхæдæг йæ фыртæн куыд басаст, афтæмæй «ис фыдæй мæ æнæфыд фæкодтай», зæгъгæ, уымæй фæтарст.

Лæг та йæ ныхасæн хицау разынд. Йæ фырт æм нымады дæр нæ уыд, раздæрау йæ хуыцæуттæ – йæ хотæ æмæ йæ мад. Уыдонæн та се `нæуынондзинад чындзæй уæлдай лæппумæ дæр ахызт – æппынæдзух æй «куыдзы хъыбылæй» тыдтой. Уæдмæ чындзыты фæцыдысты, фæлæ сæ ног бинонты апп-уппы цы систой, æндæр дзы хорзæй ницы равдыстой. Цыбыр рæстæгмæ се `фсинты æмæ сæ хицæутты «тъæпæн хъæумæ» афæндараст кодтой, сæ лæгтæй та куыройы цæлхытæ сарæзтой – дон сыл-иу куыд аскъæрдтой, афтæ зылдысты уыдон дæр.

Иухатт Алан дуканимæ дзулмæ ацыд иу сомимæ (Советон Цæдисы диссæгтæ – дзулмæ иу сомимæ цæуын). Æртæ дзулы балхæдта, дуканигæс æм фæстæмæ цы 40 капеччы радта, уыдон рахаста æмæ рацыд. Фæндагыл уыцы капеччытæн се `рдæг кæмдæр ахауд — цастæ диссаг у, 5-аздзыд сывæллонæн йæ ном – йæ уæлæ. Уæдмæ ма Алан дзултæй иуæн йæ фарс дæр дæндагæй ратыдтытæ кодта. Дур мыл ныццæвæд, йæ сабибонты афтæ чи нæ кодта, уый! Цалынмæ хæдзармæ схæццæ, уæдмæ йæ нæ базыдта æхцаты сæфт. Фæлæ уыцы бон йæ зæрдыл хорз бадардта. Фыд æй бакъуыммæ кодта, цæмæн бахсыдтай дзул фæндагыл, стæй уæд æхца агурыныл схæцыд. 20 капеччы цух куы разындысты, уæд йæ фырты ахæм над фæкодта, æмæ-иу чысыл лæппу цалдæр боны йæ фыды уындæй фыркуыдæй бацъæх ис! Тæрсгæ дзы кодта! Йæ хъæдгæмттæ та дыууæ мæйы нæ байгас сты – йæ фыд кæцæйдæр уис раскъæфта æмæ дзы лæппуйы къæхтыл ралæууыд! Тасаг уис-иу алы цæфæн дæр буары алыварс атыхст, æмæ къæхтæ уайтагъд цъæх тæлмытæ авæрдтой уый тыххæй. Сабийы удисæн хъæрмæ йæм йæ мад хæдзарæй ратахт, афæлвæрдта йæ йæ фыды дзæмбытæй скъахыныл, фæлæ цалдæр цæфы ууыл дæр æруад. Сыхæгтæ куы фæфæдис сты, уæд сæ фыд сабыртæ кæныныл сси, фыцгæ доны цалдæр æртахæй, дам, йæ сæрыл систа бæстæ. Мад æмæ фырт уæлæмæ сдзурын ницы бауæндыдысты…

фото 21

Фыд йæ бинонты хорздзинадæн иу каппекк йæ цардæмбалмæ никуы радта. Гæнæн нал ис, æмæ-иу æм хъавгæйæ куы бахатыд, сывæллонæн, зæгъæм, дзабыртæ хъæуы, зæгъгæ, уæд-иу æй куыйты хæринаг бакодта. Дæсгай кæрчытæй уый иу хатт аргæвдын нæ бауагъта йæ бинонтæн, бæрæгбоны рæстæг уый йæ бирæ фосæй туг никуы суагъта. Худинаг æмæ æрдиаг, фæлæ ма суанг цыхтытæн дæр фыд уыдис хицау! Цал сты æмæ цал бауыдзысты уал æмæ уал боны фæстæ, уый нымадта цæрæнбонты. Паддзахадон куысты лæугæйæ хорз мызд иста, фæлæ сæ æмбырдтæ кодта, къуыртты сыл бадтис йæ минтыл. Суанг ма йæхи дасынæн лезвитыл дæр фæстауæрц кодта, кæрæдзийыл сæ-иу адау-адау кодта ногтæ балхæныны бæсты. Ацы ран Аланы нæ бамбæрстон, цæй номыл сæ кæрæдзийыл хафта лезвитæ, зæгъгæ, йæ бафарстон. Йæ дзуаппæй уæлгоммæ фæцæйхаудтæн – цыргъ, дам, сæ кодта! Алкæйы знаг дæр уæ афтæмæй «цыргъгонд» лезвитæй ныддасæд йæхи!

Æгæрон уарзтæй лæг йæ хæрæфыртты уарзта. Уæвгæ, мæнмæ та афтæ кæсы, æмæ сæ йæ хотæй тæрсгæйæ нæ уарзын нæ уæндыд. Ныронг кæй цæстыты фæрцы каст дунемæ, а-зæххыл кæй зондæй цардис, йæ бинонтæн кæй амындæй сæ сæргъы лæууыд, уыдоны зæрдæхудты бацæуынмæ дæсгай азты фæстæ дæр йæ ныфс хаста. Уый хыгъд сын сæ чысыл хъуыддаг аразынмæ дæр фæдисоны згъорд кодта, тыхсгæ мацæмæй скæнæнт, æндæр. Æхца сæ бахъæуа – табуафси, йæ хæрæфырты чындзæхсæвмæ кусæрттаг – уыцы гал дæр мæнæ ис. Йæ бын ма йын Алан куы нæ хафтаид æртæ азы! Йæ дыргъты бæлæсты цъуппытыл-иу фæззæджы ходыгъдтæ æд цот бæз-бæз кодтой, мæтыхтау сæ-иу ныггафутт кодтой.  Хи бинойнагæн та дзы фæткъуы ратоныны бар дæр нæ уыд. Лæппуйæн исты хъуыддаг бакæнын хъæуы, зæгъгæ, Аланы фыдæн иухатт сыхæгты лæг бауайдзæф кодта. Хæдзары хицау дæр æм фæцырд: «Ардæм мацы `рбавдисæд æмæ цыфæнды кæнæд!» Æмæ афтæ – цæрæнбонты. Йæхи бинонтæ – фæсдуар, искæй мыггаг – Хуыцауы `мрæнхъ!

Аланы зæрдæ йæ фыдмæ ныддур… Мад, диссаг куыннæ у, фæлæ архайдта, цæмæй кæрæдзимæ знаджы цæстæй ма кæсой. Фæлæ лæг йæ фыртмæ æппынæдзух куыдзы номæй кæй дзырдта, уый тыххæй лæппу, æвæццæгæн, куыдзау зæрдæ зонын райдыдта. Куыдфæстæмæ йæ фыдмæ йе `ргом нал здæхта. Хуыцау хорз, æмæ ныр йæхи дарынхъом уыдис, йæ комдзæгтæ йын ничиуал нымадта, йæ къæхтæ йын уисæй ничиуал надта, скъуыд дзабырты нал цыд, ихæнæй гæрт-гæрт нал кодта, хъарм уæлæдарæс йæ бон кæй уыд балхæнын йæхицæн, уый руаджы.

Фыд рынчындонмæ куы бахауд, уæд Алан йæхи тыххæй тардта, цæмæй йæ бабæрæг кæна, фæлæ нæ фæтых йæхиуыл. Йæ фыдыхотæ йæм æртхъирæнтæ кодтой, худинаг дын фæуæд, зæгъгæ, лæппуйы зæрдæйы та фыдмæ хионы æнкъарæнтæй ницыуал баззад. Абон дæр афтæ у… Йæхимæ хъусы лæппу, хъуамæ афтæ ма уа, уый æмбары. Фыд алы хъуыддаджы дæр азымджын кæны йæ фырты, фæлæ тæккæ стырдæр рæдыд бирæ азты размæ йæхæдæг кæй æруагъта, уый йæм хъуысты дæр нæу. Йæ бинонты йæ къахы фындзæй куы асхуыста, уæд йæ хотæй ныфсджын уыд. Ныр та уыдоны дæр нæ хъæуы…

фото 3

…Алан дарддæр йæ фæндагыл ацыд. Бамбæрстон æй, йæ царды хабæрттæн сæ иу мисхал дæр кæй нæ радзырдта. Цыдæр мидхъуырдухæны дæн нæ фембæлдæй фæстæмæ мæхæдæг дæр. Адæмы `хсæн фæзминагæй чи `вдыста йæхи, уыцы лæгæн бынтон ахæм удхор уæвын æнхъæл нæ уыдтæн. «Аланæн йæхи аххос у» зæгъынмæ та ме `взаг нæ тасы, цы базыдтон, уый фæстæ. Стæй мæм ныр мæ зæрдæ афтæ дзуры, æмæ Ирыстоны ахæм бинонтæ бирæ ис. Сæ кой æддæмæ кæмæн нæ райхъуысы, ахæмтæ. Гъе, фæлæ аххосджын чи у, уый зын зæгъæн у. Æнæмæнг, цот хъуамæ сæ ныййарджыты хæстæ фидой! Нæ рагфыдæлтæй баззайгæ `гъдау! Фæлæ цот куы ницы хæсджын уой, уæд та? Æви «афтæ нæ вæййы» зæгъдзæн исчи? Мæгъа…

СТАТЬИ
12.03.2024

Торговая сеть запустила новую акцию

26.11.2023

Все, что вы хотели знать о мерах соцподдержки мам

16.11.2023

Торговая сеть запустила предновогоднюю акцию

17.10.2023

Нового министра ВД по Северной Осетии Демьяна Лаптева представили личному составу ведомства

16.10.2023

Во Владикавказе проведут рейд по незаконным нестационарным торговым объектам

13.09.2023

В Северной Осетии появился ВкусВилл

Сообщить об опечатке

Текст, который будет отправлен нашим редакторам: