Кæй хъыгдары Хуссар Ирыстоны паддзахад?

10.01.2014 Gradus Pro

А-фæстаг рæстæг Цхинвалы, стæй Дзæуджыхъæуы дæр стынг и ахæм ныхас, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон Уæрæсейы сконды хъуамæ баиу уа  Цæгат Ирыстонимæ æмæ  паддзахаддзинадыл та йæ къух сиса.  Ацы хъуыды, бæрæг куыд у, афтæмæй, ног нæу, иумæйагæй сисгæйæ, йæ мидис у гуманон, ирон адæмы хуыздæр минæвæрттæ рагæй фæстæмæ цæмæ бæллыдысты, уый. Æмæ ма æфхæрд дæр æййæфтой, ахæм хъуыдыйыл хæст кæй уыдысты, уый тыххæй. Иу паддзахады, Советон Цæдисы сконды, дихгонд Ирыстон уыдис сахъат фæзынд. Политикон æфсон, политикон уидæгтæ  кæй уыдис ацы дихдзинадæн, уый йæ кодта ноджы фыдуынддæр, сахъатджындæр.. Фæлæ гъеуæд ацы егъау проблемæйыл дзурын сæ хæсыл нæ нымадтой абоны «иугæнджытæ», уымæн æмæ уый  иумæйаг политикæйы «уылæныл» нæ бадт, Компартийы  амынд фæндагыл тæссармæ лæууын та чи уæндыд, уæлдайдæр та партийæн йæ туг, йе стæг уæвгæйæ. Дзырд афтæ дард замантыл нæ цæуы: 80-æм азты кæрон дæр ацы фарст уыдис тынг актуалон. Уыцы рæстæг Советон Цæдис алырдæмты куы хæлиутæ кодта, уæд иудзинады фарст политикон амæлттæй  аскъуыддзаг кæнын, мæ хъуыдымæ  гæсгæ, уыдис æппæты æнцондæр æмæ реалондæр. Фæлæ йеуæд абоны «иугæнджытæн» сæ дзыхтæ уыдысты æнгом хуыд. Ныхмæ уыдысты Уæрæсейы разамонджытæ. Нæ сæ уырныдта æмæ ацы фарстмæ пассивон ахаст дардтой Ирыстоны хицæуттæ дæр, уæлдайдæр та — цæгатфарс. 1993 -æм азы, ирон адæмы 2 -аг съезды рæстæджы æз стыр интервью райстон Цæгаты Ирыстоны уæды президент дзæнæты бадинаг Галазты Æхсарбегæй  æмæ мын уый дзырдта, проблемæ куыд вазыгджын у, уый тыххæй,  йæ  аскъуыддзаг кæнын нæхи бон  нæу, зæгъгæ, æмæ, дам,  ацы  темæйыл дзурын зиан йеддæмæ  ницы хæссы. Ахæм позицийыл хæст уыдысты Галазы фырты фæстæ разамонджытæ дæр. Уæ дзыхтыл хæцут, зæгъгæ, ахæм «зæндтæ» дæр амыдтой, чи сыл нæ хæцыд, уыдонæн. Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр. Иуæй -иутыл дзы экстремистты гæччытæ дæр андæгътой. Адæм сæхæдæг дæр нæ уыдысты цæттæ баиумæ, æндæра иумæ куы сдзырдтаиккой ,иумæ куы стох кодтаиккой, уæд сæ нысан  сæ къухы бафтыдаид ,уымæн æмæ бæрæг у —  цыфæнды вазыгджын хъуыддæгты дæр адæмы иумæйаг фæндон вæййы æппæты сæйрагдæр. Фæлæ гъеуæд ирон адæм сæ иудзинад  нæ банымадтой сæ царды æппæты сæйрагдæр хъуыддагыл, æмæ рæстæг — фадат сæ къухты бынæй ацъыгъуытт кодта. Уый алы хатт дæр афтæ вæййы.

80 -æм, 90-æм  азтимæ абаргæйæ, абон мах не ппæт дæр цæрæм бынтон æндæр политикон уавæрты, бынтон æндæр геополитикон фæткæвæрды. Ныртæккæ Ирыстоны иудзинады фарстайæн  йæ актуалондзинад  æмæ йæ сæххæст кæныны фадæттæ ноль проценты дæр не сты, фæлæ 20 азы размæйы «зондамонджытæй» бирæтæ абон  хъамалвæст  патриоттæй агæппытæ кодтой, кæм лæууынц -кæм бадынц, уым иудзинады кой йеддæмæ ницыуал кæнынц. Цæмæн бахъуыд ацы фарст  гъеныр стынг кæнын,  2008 -æм азы «йæ тæвдыл» хъыпп — сыпп куы ничи кодта, уæд? Хуссар Ирыстоны политикон парти «Иугонд Ирыстон» («Единая Осетия») ацы бонты йæ фæндон дæр ма фехъусын кодта, ацы фарстайы фæдыл, дам, референдум саразæм. Уалдзæджы цы парламентон æвзæрстытæ уыдзæн, уыдонимæ иумæ, зæгъгæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, «хæйрæг» æмбæхст ис ацы æвзæрстыты,  æмæ иудзинады темæ дæр уымæн афтæ  скарз и. Æндæра йыл сæхæдæг дæр куы сæттынц, ацы хъуыддагæн ныртæккæ гæнæн нæй, зæгъгæ. Уый тыххæй, дам, Уæрæсейы мидæг дæр референдум  ауадзын хъæуы. Æмæ уый та искуы уыдзæн æви нæ, уый дæр бæрæг нæу, зæгъгæ.

Уæдæ  æрмæст æвзæрстытæн хъæуы ацы афтæхуыйнæг референдум дæр æмæ иумæйагæй иудзинады темæ дæр?  Æмæ уæд куыд схонæн ис ахæм уагахастæн? Партион интересты сæраппонд хæствæллад адæмы сайын, се нкъарæнтыл сын хъазын, сæ туг, сæ хъизæмар цардæй цы Сæрибар балхæдтой, уый сын мацæмæ дарын,  къæхты бын æй æвдулын. Хуымæтæг æфхæрд адæмы паддзахад æмæ паддзахаддзинады  хæрзиуджытыл хъуыды кæнынмæ не вдæлы, уыдон хъæуы цæрæнуат, куыст, æдас цард æмæ сын уыдæттæй референдумты руаджы сæ зæрдæтæ æлхæнын — уый  йæ  сæрмæ ма хъуамæ хæссид йæ адæмыл иузæрдион политик  æмæ ирон лæг. Афтæ зæгъæн ис, æмæ ацы фарст ныридæгæн дæр  лыггонд æрцыд,  ирон паддзахад  кæй фæзынд ,уый фæрцы, фæлæ  уый кæмæндæрты æнцой нæ дæтты, фæнды сæ дарддæр дзы пайда кæнын, уымæн æмæ йæ æмбарынц: иудзинады темæ адæмы зæрдæты рагæй фæстæмæ уыдис арф æвæрд  æмæ сын нырма дæр у ахсджиаг.  Æмæ чи нæ ракæндзæн йæ кой! Йæ фындз мæрзын  рæстмæ чи нæма  базыдта, уыцы къленц чызджытæй райдай æмæ, Ирыстоны проблемæтæй цæрæнбонты йæхи чи хызта, уыцы ахуыргонд интеллигенттæй фæу. Æмæ цасфæнды дæр куы дзуриккой, фæлæ сæ зиан сæ разæй цæуы: адæмы дыгъуырццæг кæнынц, иу хъуыдыйыл ныххæцыны бæсты сын сæ хъуыдытæ алырдæмты дзæгъæл кæнынц, Сæ ныхæстæй æвзæры ахæм хъуыды, цыма утæппæт фыдæбæттæ уыдысты бынтон æнæхъуаджы. Æмæ ацы хъуыды æмбæхсгæ дæр нæ кæнынц. Хуссар Ирыстон, дам, хæдбардзинадыл, национ паддзахады сæрвæлтау нæ, фæлæ гуырдзыйæ фервæзыныл тох кодта æрмæстдæр, зæгъгæ,  ахæм ныхæстæ дæр сæ схауы. Фæнды мæ уыцы ныхæстæгæнджыты бафæрсын: уæдæ 1989 азæй райдайгæйæ  цы куыст цыдис, уый кæд паддзахадон арæзтад нæ уыдис, уæд цы?  Кæд искæй цæстмæ цыдис уыцы куыст, уæд æй зæгъут — кæй цæстмæ?  2008 -æм азы Уæрæсе Хуссар Ирыстоны дихтæгонд территори уый тыххæй «æрæмбырд кодта», уый тыххæй йæ банымадта, цæмæй йæ уый фæстæ йæхи бакæна? Уæ хъуыдымæ гæсгæ афтæ цæуы, уымæн æмæ, иу хатт ма йæ зæгъон, Ирыстоны иудзинады проблемæ абон актуалон нал у, Ирыстон баиу ис.

Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ йæ адæмыл æцæг чи ауды, зæрдиагæй йæ чи уарзы, уый  хъуамæ, фыццаджыдæр, уа раст адæймаг. Ма дава, ма сайа, дывæр, æртывæр цард ма кæна, уа æргомдзырд, мацæмæй тæрса йæ адæмы зæрдæхудты бацæуыны йеддæмæ. Мæскуыйы, Дзæуджыхъæуы, Цхинвалы кæнæ ма æндæр кæмдæрты искæй зæрдæмæ куыд фæцæуон, зæгъгæ, ууыл ма хъуамæ хъуыды кæна, фæлæ архайа, йæ адæмæн канд абон нæ, фæлæ райсом, иннæбон, бирæ азты фæстæ куыд хуыздæр уыдзæн, ууыл. Æмæ ма тæрса, йæ хъуыдытæ йын кæй сфаудзысты, уымæй. Хъуыды кæна æмæ архайа,  искæй нæ, фæлæ йæхи зондæй. Æвæццæгæн, ахæм категоримæ хауы иудзинады фарст дæр. Ирыстон формалонæй нæ, фæлæ æцæг баиу кæнынæн гъенырæй хуыздæр уавæртæ никуыма уыдис. Идеалон уавæртæ! Хæдбар ирон паддзахад дæр ма  баззайдзæн, афтæмæй. Таможнæйон ныхдуртæ афтæ зæгъæн ис, æмæ нал сты. Цы ма дзы баззад, уыдоныл дæр кусæн ис, цæмæй æппындæр мауал уой. Цы хъыгдары иумæйаг экономикон проекттæ саразын æмæ сæ æххæст кæнын? Æрмæстдæр уый, æмæ ирон адæм сæхæдæг ууыл  нæ архайынц. Нæ сæ фæнды. Цæмæннæ сæ фæнды? Мæ-а. Ахæм фарстæн дзуапп раттын — уый æндæр, стыр ныхасы темæ у. Цы ныхдуртæ ис интеграцион архайдæн æндæр къабæзты та? Ахуырады системæйы, культурæйы æмæ афтæ дарддæр? Ницахæм. Ирыстоны дыууæ хайы  Фысджыты цæдистæ 2013-æм азы кæй баиу сты, уымæй хуыздæр цæвиттон ма цы хъуамæ уа! Фæлæ дæ хъуамæ фæнда. Уый у сæйраг проблемæ. Куынæ дæ фæнда, уæд дзы вæййы æнæкæрон ныхæстæ интеграцийы, иудзинады æмæ æндæр ахæм популистон идейæты фæдыл.  Афтæ куынæ уаид, уæд 20 азы дæргъы иу интеграцион бадзырд уæддæр хъуамæ скуыстаид. Фæлæ не скуыста. Цæмæннæ? Уымæн æмæ ахæм сты абон ирон адæм. Ахæм у сæ мидиудзинад. Мидиудзинад -уый у сæйраг. Удыхъæды иудзинад, иумæйаг сомбон, иумæйаг хъысмæт æнкъарыны æмæ æмбарыны иудзинад, иуныхасæй,  национ хиæмбарынады иудзинад.  Уый ис, зæгъгæ, уæд размæ æккуырсын никæй хъæуид, интеграцитыл дзурын æмæ афтæ дарддæр. Уæд алцыдæр адæмæн сæхи фæндонæй цæуид. Уæд афонмæ сæ паддзахады цинæй ирон адæм Цæгат Ирыстонæй ,стæй æнæхъæн дунейæ дæр ныххæрæтт кодтаиккой цæрынмæ Хуссармæ. Фæлæ уыдæттæй исты уынæм? Ницы? Уыдæтты кой искуы цæуы паддзахадон кæнæ æхсæнадон институтты æмвæзадыл? Никуы. Уый та цы нысан кæны? Уый та уый нысан кæны, æмæ ахæм æмбарынад нæй нæдæр хицаудзинадмæ, нæдæр интеллектуалон къордтæ кæй хонынц, уыдонмæ, нæдæр  адæмæн сæхимæ. Ирыстон цæттæ нæ уыдис биумæ, фæлæ йæ уавæртæ сиу кодтой.   

Зæгъæм, ахæм алæмæты диссаг æрцыд, æмæ Хуссар  Ирыстон бацыд Уæрæсейы скондмæ Цæгатимæ иу республикæйы кæнæ хицæн субъекты хуызы дæр. Цы фæивид уæд Хуссар Ирыстоны царды?  Фыццаджыдæр уый, æмæ дзы Уæрæсейы закъæттæ суаиккой сæйраг. Иу системæйыл арæзт цæуид хæдзарадон, ахуырадон, культурон цард. Абон Хуссар Ирыстон æппæтæй тынгдæр цæмæй тыхсы, уыцы демографион уавæр (адæмы нымæц у гыццыл), дæр, чизоны, йæхигъæдæй гыццыл фæхуыздæр уаид. Реалонæй та адæмы цард фæхуыздæр уаид? Нæ фæхуыздæр уаид, уымæн æмæ абон Уæрæсе Цхинвалæн æххуыс кæны, куыд хицæн паддзахадæн, афтæ. Кремлæй иу æмæ дыууæ хатты нæ райхъуыст ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, ацы хъуыддаг Мæскуыйæн у принципиалон, уый, дам, нæ   престижыл дзурæг у, зæгъгæ, дзурынц. Хуссар Ирыстон йæ дард провинцитæй иу куы суа, уæд та уыцы æххуыс зынгæ фæкъаддæр уыдзæн. Уæрæсейы провинцитæ куыд цæрынц, уый та алчи дæр æрвылбон телевизоры уыны. Ныр та  закъæтты тыххæй. Уæрæсейы юрисдикцимæ куы бахауæм, уæд нын нал уыдзæн нæ ахсджиагдæр проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны фадат. Зæгъæм, демографион фарст. Абон уа — райсом, (цас тагъддæр уа, уыйбæрц хуыздæр) Хуссар Ирыстоны бахъæудзæн сæрмагонд демографион программæйыл бакусын. Уый хъуамæ райгуыра хъæддых паддзахадон фæндонæй, бахъæудзæн дзы егъау финансон фæрæзтæ дæр. Хуссар Ирыстон Уæрæсейы æппæты дæрццæфдæр хуссайраг провинци куы суа, уæд уым  чи æрцæрдзæн, æмæ кæй фæрцы сцардхуыз уыдзæн, уымæй ирон адæмы ничиуал бафæрсдзæн. Иннæ ахсджиаг æмæ катайаг фарст та — ахуырады, мадæлон æвзаджы проблемæтæ.   Адон дæр Уæрæсейы бæрны куы бахауой, сæ закъæтты бархъомысы, уæд нын не взаг бахъахъхъæныны бар дæр нал уыдзæн. Цæвиттон агурæг дард цæуын нæ хъæуы — Цæгат Ирыстон.  Нымайæн ма ис, се ппæт дæр  паддзахаддзинады пайдайыл дзурæг чи сты, бирæ æндæр ахæм хъуыддæгтæ. Уæдæ алчи паддзахаддзинадмæ йæ былы цъæрттæ цæмæ хæры. Цæмæй Гæдиаты Цомахъы загъдау «нæ тых, нæ фæнд, нæ сæр нæ бар уа».    Фæлæ ууыл кусын хъæуы. Кусын хъæуы дысфæлдæхтæй. Хуссар Ирыстоны адæмæн та сæ фылдæр, æвæццæгæн, афтæ ахуыр нал сты. Уал азы хæстон уавæр канд экономикæ нæ ныддадæг кодта, фæлæ  адæмæн сæ психологийыл дæр бандæвта.  Зæронд формацийы разамонджытæн, паддзахадон бæрндзинадыл хъуыды кæнæгæйæ,  се уæны мигъ ныббады.  Æмæ адæмы ног паддзахад аразынмæ разæнгард кæныны бæсты мысынц  мифтæ, зианхæссæг мифтæ.

Йæ мардæрцыд ма уый у, æмæ ахæм æнахуыр позици дардæй -дарддæр ,къаддæрæй -къаддæр кæны Ирыстоны хорзмæбæлджыты ,йæ хæлæртты. Æргомæй  дзурынц, нæ йæ æмбарæм, цы ма уæ хъæуы, зæгъгæ.  Æмæ сæ дисæн уæдæ бындур куыннæ ис.   Хуссар Ирыстоны адæм йæ фыдæлты зæххы сæрвæлтау рæстаг тохы бацыд,- æмæ уый дунейы алы рæстмæ хъуыдыгæнæг адæймагæн дæр æмбæрстгонд у. Уæрæсейы æххуыссæй æмæ сæйраджыдæр та къорд азты хъæбатырдзинад æмæ сæрибармæ егъау тырнындзинад кæй равдыста, уый руаджы Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ къухы бафтыд   Гуырдзыстоны дзæмбытæй йæхи ратонын, фæуæлахиз уæвын — æмæ уый дæр æмбæрстгонд у рæстмæ хъуыдыгæнæг адæмæн. Æппæт ацы тухитæ æнæхъуаджы нæ фесты — территорийæ дунейы æппæты егъуадæр паддзахад 2008 -æм азы банымадта, уæдмæ 15 азæй фылдæры бæрц хæдбар паддзахады статус кæмæн уыди, уыцы Хуссар Ирыстоны республикæйы — æмæ уый дæр æмбæрстгонд у рæстмæ хъуыдыгæнæг адæймæгтæн. Æгæрыстæмæй гуырдзыйæгтæн дæр ,уымæн æмæ «нæ зæхх нын байстой» ,зæгъгæ, ахæм сур ныхæсты йеддæмæ уыдонæн сæ бон æндæр ницы æфсон æрхæссын у ирон паддзахады ныхмæ -нæдæр историон ,нæдæр барадон æгъдауæй. Ныр Хуссар Ирыстоны иукъорд политикы æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ, сæ  республикæ сын куы банымадтой, уымæй цалдæр азы фæстæ загъд — замана систой, мах хæдбар паддзахад нал хъæуы, мах фæнды, цæмæй уæм Уæрæсейы паддзахады сконды, зæгъгæ. Æмæ уый иу рæстмæ зондыл хæст адæймаг дæр нал æмбары! Нæ йæ æмбарынц, уымæн æмæ æцæгдæр зын бамбарæн у ахæм логикæ, фæлæ  дзы ныридæгæн хорз пайда кæнынц гуырдзы,  уый сын у цæттæ хотых   Уæрæсейы ныхмæ. Ахæм ныхæстæ хъусгæйæ, Гуырдзыстон хъæр кæны алырдæм: хорз адæм, мæнæ ма ракæсут, гъеныр дæр уæ нæ уырны Уæрæсе оккупант кæй у ,ныр æй фенут ,мæнæ цæуылты дзурынц ,зæгъгæ. Æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, гъеныр æцæгдæр сæхицæн дзæвгар фарсхæцджытæ ссардзысты. Чи ахъуыды кæндзæн ууыл, æмæ æрмæст Цхинвалæй хъуысынц уыцы ныхæстæ?! Æцæг, Уæрæсе дынджыр у, стæй алыхуызон. Куыннæ дзы ис провокатортæ, алыхуызон шовинисттæ æмæ империалисттæ. Чизоны, æмæ ардауæн ныхасы ахстон уым дæр ис æмбæхст. Фæлæ ахæм рæстæг дзырд хъуамæ алы хатт дæр цæуа, чи дын æххуыс кæны æмæ нырма кæй руаджы цæрыс ,уыцы Уæрæсейыл. Уыцы Уæрæсе та æргомæй — аивæй дзуры хуссары ирæттæн: мах уæ хæдзар нæ хъæуы, мах уын æххуыс кæнæм, саразут æй, æмæ дзы фæрнæй цæрут. Фæлæ «иугæнджытæ» ныццæхгæрмæ сты: нæ, мах  хицæуттæй уæвын нæ фæнды, мах уын нæ хæдзар лæвар кæнæм, мах  уæм фæлтау фæсдуæртты фæсдзæуинтæй лæудзыстæм. Ацу, æмæ  бамбар ахæм логикæ!

Кæддæр стыр æрмæг ныммæхуыр кодтон журнал «Мах дуджы» национ нигилизмы фæстиуджыты тыххæй. Мæнмæ гæсгæ, йæ тæваг ардæм дæр хæццæ кæны. Æгуыдзæджы, дыккаг сорт адæмы комплекс — уый у нæ фыдбылызты фыдбылыз, нæ низ, æмæ дзы арæхдæр сæйынц чысылнымæц адæмтæ. Цæрæнбонты кæйдæр дæлфæччи уæвын, кæйдæр цæстытæм кæсын, дæхицæн дæ бон кæй ницы у, ууыл сæттын, — ахæм у уыцы сæрнизы диагноз. Уый равзæрд Советон Цæдисы политикон системæйæ. Уым, бæрæг куыд у, афтæмæй чысылнымæц адæмтæн сæ бартæ дæр къаддæр уыдысты. Автономон облæсттæ, округтæ, автономон республикæтæ, цæдисон республикæтæ. Политикон иерархийы пирамидæ  политикон, экономикон,  культурон æгъдауæй æлхъывта адæмты се статусмæ гæсгæ: статус куыд ныллæгдæр уыд,  афтæ æлхъывд та уыди  тынгæй — тынгдæр. Ахæм уавæр бар -æнæбары бандæвта  адæмтæн сæ психологийыл дæр. Фæлæ иу амонд у, æмæ нæм уыцы низæй алчи рынчын нæу. Сæрмагондæй уый хауы, Советон Цæдисы политикон системæйы  дæлдзиныггæнæг фæстиуджытæй чи нæ фæхъæстæ, уыцы фæсивæдмæ. Æмæ уæдæ уыдон фылдæр уадзын хъæуы  æвзонг ирон паддзахадæн разамынд кæнынмæ. Уыдонмæ фаг ис зонындзинæдтæ дæр, ныфс дæр æмæ национ паддзахад цы у, уый æмбарынад дæр.  

«Иудзинадыл» дзурджыты аргументтæ, цасфæнды сæ фæдæлæ — уæлæ кæн, уæддæр фæвæййынц мæнæ ахæм иунæг æфсонæй: Путин æмæ Медведевы дуг куы фæуа, æмæ та нæм иу-15 азы фæстæ гуырдзы куы рбабырсой, уæд цы бауыдзыстæм? Фарст афтæ æвæрын йæхæдæг дæр хъыг у адæймагæн. Зæрдæ, куыд фæзæгъынц, бакъуыры йæ пассивон ахастæй, нæхи развæлгъау лæмæгъ позицийы кæй æвæрæм, уымæй. Фæлæ адæймаг адæймаг у — чидæртæ афтæ кæй хъуыды кæнынц, уый тыххæй азымтæ хæссын, æвæццæгæн, не мбæлы,  фæлæ, аналитикон хатдзæгтыл дзургæйæ та, бæлвырд факттæй кæдæм фæлидзынæ. 10-15 азы фæстæ дуне цавæр уыдзæн, уый чи зоны? Ничи. Цавæр уыдзæн Гуырдзыстон, стæй Уæрæсе йæхæдæг дæр? Бæлвырд дзуапп никæмæй райсдзынæ. Цæгат Кавказы Уæрæсейæ фæиппæрд æмæ ахицæн кæныныл дунейы бирæ хъомысджын бæстæтæ куыд зæрдиагæй архайынц, уый зæрдыл даргæйæ, алыхуызон фидæнмæ дæр хъæуы æнхъæлмæ кæсын æмæ йæм цæттæ уæвын. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ, зæгъæм, Уæрæсейы знæгтæн  сæ сау фæнд  сæ къухы бафтыд. Цы бауыдзæн уæд Ирыстон, зæгъæм, иугондæй, фæлæ  æнæ паддзахадæй? Лыггондæй аззайдзæн Уæрæсейæ. Уæрæсе та ирон адæмæн йæ историон æмæ стратегион паддзахад у. Кавказы паддзахаддзинад, бæлвырд у, махæн нæ рабæздзæн. Æмæ уæд куыд? Фыдæбон, фыдбылызтæ, конфликттæ. Ирыстон аззайдзæн иппæрдæй йæ хæлар бæстæйæ, йе ххуыссæй æмæ афтæ дарддæр. Паддзахаддзинад куы уа, уæд та? Уæд уыдзæн иугонд ирон паддзахад æмæ йын Уæрæсеимæ уыдзæн бастдзинæдтæ аразыны закъонон бындур. Уæрæсейы сæргъы чи фæнды ма лæууа, уæддæр æй хуссайраг цæдисонтæ, Хуссар Ирыстоны зæхх алыхатт дæр хъæудзæн. Æмæ уæд иугонд Ирыстон -Аланиимæ дзурын бахъæудзæн Гуырдзыстоны дæр æмæ алкæй дæр. Æз  ракодтон æппæты мæгуыраудæр прогнозы кой, фæлæ æгæрыстæмæй ахæм зæрдæхалæн уавæры дæр ирон паддзахаддзинад  ирвæзынгæнæн науæй хъауджы нæу. Уый у, бахъуыды  рæстæг ирон адæм сæ сæр кæм бафснайой ,ахæм зæхх, у фидар чъылдым æппæт ирон адæмæн. Алцы дæр рæстмæ куы уа ,уæд та цæр æмæ араз ирон адæмы фидæн. Æрмæст абоны зондахастимæ уымæй ницы рауайдзæн. Æнæмæнгхъæугæ у паддзахадон зондахаст, паддзахадон хъуыдыкæнынад, паддзахадон адæм. Уымæн йе взартæ бæзджынæй схæцыдысты абоны Хуссар Ирыстоны дæр, æмæ сæ цъæл кæнын нæ хъæуы. Хъæуы сæм зилын æмæ сыл аудын. Афтæ чи зæгъы, ахæм паддзахад нæ цæмæн хъæуы, йæ номы йеддæмæ дзы куы ницы ис, зæгъгæ: куынæ дзы адæм ис фаг, куынæ   экономикæ, куынæ æмбæлон æмвæзадыл цæттæ кадртæ, уый йæ къæхты бынæй дарддæр размæ нæ кæсы. Ныхас хъуамæ æрмæст гуыбыны æфсæст æмæ уды  æдасдзинадыл ма цæуа, фæлæ сæйраджыдæр адæмы национ сомбоныл. Ноджы ма йæ зæгъон: цавæр уаид, зæгъæм, 15 азы фæстæ Хуссар Ирыстон,  абон  Уæрæсеимæ куы баиу уа, уæд?  Дæлтъуртæ уырыссаг провинци. Æнæ уый дзы гæнæн нæй. Тыхджындæр культурæтæ ныхъуырынц лæмæгъдæрты. Æмæ ацы процесс ныртæккæ гæппдугъæй  уайы. 30-50 азы размæ дæр ма уый ахæм тæссаг нæ уыд.  Ирон æвзаджы проблемæ, дам, уартæ 50 ,100 азы размæ дæр уыд ,æмæ, дам, цы, — нал дзурæм иронау?  О, проблемæ уыд, фæлæ гъеуæд  нæ уыд Интернет, стæй  ма иукъорд æндæр информацион технологитæ. Адон  ацы хъуыддаг бынтон стырындз кодтой, æмæ уымæн бауромæн нæй, уый техникон прогресс у. Æнæхъæн дуне раст цыма иу хæдзары мидæг, афтæ цæры. Дынджыр Уæрæсейы интеллектуалтæ дæр ма катайы куы бахаудысты,  се взонг фæлтæр се взагыл дæр æмæ се стыр культурæйыл дæр кæй суæлæхох сты æмæ  Ныгуылæны синтетикон, æнæуд массон культурæмæ  се ргом кæй аздæхтой ,уый тыххæй. Уæд Хуссар Ирыстон Уæрæсейы масштабты цур цы у?!   Æмæ ахæм уавæры  паддзахад у нацийы цæрæн хос, æрмæстдæр уый руаджы. ис адæмы удварн, мадæлон æвзаг аирвæзын кæныны фадат. Æнæафоны ныхæстæ та  хæццæ кæнынц адæмы, дихтæ йæ кæнынц махонтыл — сымахонтыл. Æмæ уый хорзæй ницæмæ æркæндзæн.

Лæмæгъ паддзахадæй «чи æфсæрмы» кæны, ахæмтæн та мæ фæнды зæгъын. Историйы чингуытæ ма уæ къухмæ райсут — кæцы паддзахад слæууыд æвиппайды йæ къахыл. Ныртæккæ æппæты хъомысджындæртæ чи сты, æгæрыстæмæй уыдонæй дæр? Паддзахады сæрвæлтау Хуссар Ирыстоны адæм сæ туг ныккалдтой,  уый сæ къухы бафтыд се  стыр фыдæбон, сæ фидар, æнæбасæтгæ фæндондзинады руаджы, æмæ уымæй сæрыстыр уæвын хъæуы. Тæбæгъыл нын  ничи æрбахаста  ирон паддзахад. Экономикæ, царды уавæртæ æмæ æппæт иннæ хъуыддæгтæ æнæмæнг фæхуыздæр уыдзысты. Сæйрагдæр у, цæмæй нæм фæзына паддзахадон адæмы хъуыдыкæнынад. Уый ныридæгæн дæр ис, фæлæ æппындæр дызæрдыккаг нæу уый ,æмæ ацы хъуыды цалдæр азмæ стыхджын уыдзæн нæ адæмы фылдæр хайы зондахасты. Æмæ уæд æххæстæй бамбардзыстæм паддзахады нысаниуæг. Æмæ ма, чизоны, дис дæр кæнæм, паддзахад хъæуы æви нæ хъæуы, зæгъгæ, ахæм быцæуныхæстæ кæй уыдис ,ууыл. Ирон адæмы дунейы æндæр адæмты хсæн фыццаджыдæр Хуссар Ирыстоны паддзахадæй кæй зондзысты, æвæццæгæн, уый дæр æдзух хъæуы  зæрдыл дарын. Уый у адæмы ном, адæмы кад, адæмы сæрыстырдзинад, боныфæстагмæ, уый у адæмы цæрæнбоны фæндаг.

Уæлдæр загъд уыдис национ хиæмбарынады тыххæй. Историон  уавæртæ афтæ æрдомдтой, æмæ уымæн Хуссар Ирыстоны  уыдис цырддæр рæзыны фадæттæ.  Уæрæсейы сконды  цы фæуыдзæн ацы тыхамæлттæй «бакусгæ» национ хиæмбарынады фæлтæрддзинад? Æрбатары уыдзæн фылдæр æмæ тыхджындæр идеологийы хсæн, уымæн æмæ уæд Хуссар Ирыстоны абоны статус банцайдзæн иу  кæнæ дыууæ районыл. Мадæлон æвзаджы гæнæнтæ цæхгæр æрбакъуындæг уыдзысты. Уый та нацийæн йæ цæсгом у, йæ идеологийы сæйраг хотых. Иу цæвиттон. Дзæуджыхъæуы астæуккаг скъолаты райдиан кълæсты ахуырдзауты 80 -90 проценты нал зонынц сæ мадæлон æвзаг. Уый у бæлвырд официалон статистикæ. Сæрмагондæй мæхæдæг куыстон йе сбæлвырд кæныныл, уымæн æмæ ахæм  æбуалгъ цæвиттонтыл æууæндын мæн дæр нæ фæндыд. Хъыгагæн, афтæ у æцæгдæр. Æмæ уæдæ фæстаг фадаты гæнæн дæр нæ уадзæм нæхицæн Хуссар Ирыстоны хуызы? Чизоны ма уым «райхъал уа» ирон фарн æмæ анхъæвза алкæуыл дæр. Уымæн та уæвæн ис, йæ адæмы сомбоны тыххæй йæхимæ бæрндзинад чи райса, ахæм национ паддзахады руаджы. Зæххы къорийыл йæхи ироныл чи нымайы, æппæт уыдонæн Хуссар Ирыстоны паддзахад хъуамæ суа фыды уæзæгау.

Хуссар Ирыстон сæрибар кæй уыдзæн, уый тынг цъус кæйдæрты уырныдта ирæттæй.  Фæлæ кæй уырныдта, уыдоны афтæ тынг фæндыд,  æмæ сæ Хуыцау фехъуыста. Æмæ æрцыд диссаг! Уымæн æнæмæнг аргъ кæнын хъæуы. Йæ рæстдзинадыл  æппындæр чи нæ гуырысхо кæны, йæ уырнындзинад кæронмæ чи ахæссы,  ацъæл кæнын чи нæ бакомы, æрмæстдæр ахæмтæн æххуыс кæны Стыр Хуыцау!

Ирыстоны хорз фидæн ныртæккæ кæнгæ у хæрзæгъдау, сæрыстыр æмæ æцæг ахуыргонд адæмæй.  Уыцы культурæ, уыцы культ хъуамæ фæуæлахиз уа Ирыстоны.

Хуыцауы бафæндæд, цæмæй  райдайа Сæрибар Ирыстоны ног амондджын боныг!                           

Хозиты Петр, Хуссар Ирыстоны фыццаг сæвзæрст парламенты депутат, РХИ сгуыхт журналист.

СТАТЬИ
12.03.2024

Торговая сеть запустила новую акцию

26.11.2023

Все, что вы хотели знать о мерах соцподдержки мам

16.11.2023

Торговая сеть запустила предновогоднюю акцию

17.10.2023

Нового министра ВД по Северной Осетии Демьяна Лаптева представили личному составу ведомства

16.10.2023

Во Владикавказе проведут рейд по незаконным нестационарным торговым объектам

13.09.2023

В Северной Осетии появился ВкусВилл

Сообщить об опечатке

Текст, который будет отправлен нашим редакторам: