КÆМÆЙ ЦЫ ДАРÆМ – ЦÆУЫЛНÆ ЗАРÆМ?!

 

Æрæджы иу концертмæ хуынды гæххæтт мæ къухы бафтыд. Фыццаг хатт нæ – куыстмæ гæсгæ нæ артисттæй бирæты зонын æмæ иуæй-иу хатт сæ зæрдыл æрлæууын. Сæхæдæг мæ сæ концерттæм билетты бын фæкæнынц. Бузныг сын! Фæлæ нæ ныхас абон æндæр хъуыддагыл у…

Ирон театры цыдис концерт. Куыд æмбæлы, афтæ ме `мбалимæ изæры æхсæз сахатмæ театры кæрты сындæггай тезгъо кодтам, нæ рæстæг ивæзтам. Æвдæм сахат райдыдта, уæддæр адæмæн се `рдæг дæр нæма фæзынд. Цæй, уый дæр диссаг нæу – ирон сценæйыл ахæм фæтк рагæй ныффидар. Æхсæзмæ фыст цы билетыл уа, уымæ гæсгæ авдмæ æрбацу, астыл та концерт, гæнæн ис, æмæ райдайа. Кæнæ та нæ райдайдзæн астыл дæр…

Иукæддæр фæмидæг стæм. Æз программæйы амынд нæмттæй кæйдæрты базыдтон æмæ сæм фæскулистæм куы бауаин, зæгъгæ, афæнд кодтон. Рагæй сæ нæ федтон. Адæмы дзолгъо-молгъойы мæ уынгæ дæр ничи фæкодтаид, уымæн æмæ уыцы рæстæг сæ катай æндæр хъуыддæгтыл вæййы: зынаргъ дидинджытæ æрбахастай æви нæ, дæ хъустыл налхъуыт-налмас хъусцæджытæ ис æви худинаггæнæг бижутери, дæ фарсмæ цы ус бады, уый дæхи у æви искæй, адæм дæм хæлæгдзастæй кæсынц æви нæ æмæ афтæ дарддæр… Цæй, уыцы хабæрттæ уæ алчидæр зоны, цы ма сæ нымайон.

Æз фæскулисты куы балæууыдтæн, уæд дзы хъæр-ахст баййæфтон. Лæмаргæ мæ куы ныккæнат, уæддæр æй нæ зæгъдзынæн, чи хъæр кодта, уый ном. Зындгонд артисткæ у. Тынг зындгонд! Тынг-тынг! Æз æм кæсгæйæ баззадтæн, цымæ ма, зæгъын, ай заргæ та цы хурхыуадындзтæй кæндзæн, ныртæккæ сæ ам фæйнæрдæм куы арæмудза, уæд?! Фæлæ йæ уайтагъд бамбæрстон, зарыныл уыйас кæй нæ тыхсы, уый. Хъæлæба дæр ууыл кодта — йæ фонограммæ цыдæр фæци компьютерæй! «Я не буду сейчас, как идиотка, без плюса на сцену выходить!!!» — сылгоймаг нал сабыр кодта. Тыххæй фæлæууыдтæн, цæмæй «Заметьте, не я это сказал!» ма зæгъон… Кæд æй, мыййаг, исчи нæ бамбæрста, уæд уын æй амонын — «без плюса», ома, æнæ зарæджы ныхæстимæ фыст фонограммæ. «Минусыл» æрмæстдæр музыкæ вæййы, зарæггæнæджы бахъæуы йæхи хъæлæсæй кусын.

Ралыгътæн фæскулистæй! Ам мæ, зæгъын, цалынмæ ничи æрдæрæн кодта йæ «плюсы» мæстæй, уæдмæ мæхи залмæ аппæрстон. Кæимæ уыдтæн, уымæн зæгъгæ дæр ницы кодтон, фæлæ мæ цъæхбыл сцæйхауд уыцы артисткæйы сценæйыл рæвдздæр феныны мондагæй æд «плюс», æд «минус»…

Афонæй дыууæ сахаты фæстæдæр концертæн дæр райдайын бантыст. Иу-ссæдз минуты дзы рацыд, фæлæ артисттæй иу дæр йæхæдæг иунæг зарæг дæр нæма акодта! О! Зарыдысты! Æрмæст фонограммæмæ гæсгæ – се `ппæт дæр «плюсджынтæ» разындысты. Адæм сæ «Фарны хабæрттæм» гæсгæ хорз зонынц æмæ сæ сæ уæлныхты дарыныл дæр разы сты. Æз та ме `мбалимæ сценæмæ хъæдын цæстытæй кастæн. Мæ зæрдæ бамæгуыр – ау, адæмы размæ артисты ном хæсгæйæ æнæ фонограммæйæ рацæуын иу дæр йæ ныфс куыд нæ бахаста?! Зын, дам, у сценæйыл уыцы-иу рæстæг зарын дæр æмæ кафын дæр! Æмæ ма каф! Исчи дæ артмæ ныддардта?! Зарæггæнæджы ном хæсгæйæ уал зæргæ акæн, стæй-иу уæд сценæйы къуымты рыг уæлæрвтæм сис дæ кафтæй! Уый дæр дын тобæгонд, мыййаг, куы нæу! Ныртæккæйы технологитæй пайда кæнгæйæ цыфæнды «гозекка» дæр афтæ зардзæн, æмæ нæ абоны артисттæй, гæнæн ис, зæрдæмæдзæугæдæр уа. Уæвгæ, æнæуый дæр зарынц «гозеккайæ-хæмæтхъанæй»…

 

карикатура

Табу дын уæд, фонограммæ, ницæййæгты кадмæ чи хоны! Æз кæмæ `нхъæлмæ кастæн, уый дæр уалынджы сценæмæ раленк ласта… Æрдæбон йæ фонограммæйы сæраппонд фæскулисты адæмы чи фæцæймардта, уымæн ныр йæ мидбылхудт залы къуымтæ ныррухс кодта. Зонгæты, хиуæтты, хæлæртты цæстмæ сценæйыл лæууыдис ЗÆД! Афтæмæй дзы хи пехуымпардзинады фыдохæй йæ «плюсмæ» йæ дзых афоныл фæхæлиу кæнын ферох ис – фонограммæ йæ фыццаг ныхæстæ сзарыд, фæлæ нæ артисткæйæн йæ микрофон йæ былтæм айрæджы кодта. Адæм уый ацахстой – залыл сусæг чыр-чыр ахæлиу. Æз та ма æндæр хъуыддаг дæр бафиппайдтон – зарæг, æвæццæгæн, ног уыдис, æмæ йын-иу артисткæ йæ ныхæстæ кæм ферох кодта, уым-иу залмæ йæ чъылдым раздæхта. Фонограммæйы фыццаг рæнхъытимæ та-иу йæ ныхæстæ æваст йæ зæрдыл æрбалæууыдысты æмæ та… мæнæ худгæйæ зары адæммæ кæсгæйæ!

Нал бафæрæзтам уымæн. Ме `мбалимæ аивæй федде стæм æмæ цыма концерты дæр нæ уыдыстæм, уыйау æндæр ныхæстыл фестæм. Уæддæр мæ цух нæ уагътой мæ хъуыдытæ…

Цалдæр азы размæ мын бантыст зындгонд фæсарæйнаг зарæггæнæг Лара Фабианы сценæйыл фенын. Мæ зæрдæмæ рагæй цæуы йе сфæлдыстад. Йæхицæн ном скодта æмæ йын ныр йæ хъæлæс зонынц дунейы алы ран дæр. Мæ цæст æрхæцыд иу хъуыддагыл – иунæг зарæг дæр фонограммæмæ гæсгæ нæ азарыд!!! Уый нæ, фæлæ ма-иу æй хатт микрофон дæр нæ хъуыд, афтæ тыхджын хъæлæсы хицау у! Уый дын диссаг: æгас Зæххы къорийы хуыздæр сценæтæ чи басаста, уыцы фæлтæрдджын зарæггæнæг фонограммæ йæ сæрмæ хæсгæ дæр нæ кæны! Ау, уæд ирыстойнаг артисттæн цалдæр сæдæ адæймаджы раз ИУ ХАТТ æнæ «фанерæйæ» азарын цас диссаг у?! Концерттæ къуырийæ-къуыримæ дæтгæйæ… Цæугæ дæр сæм уыцы-иутæ куы кæнынц, уæд сæ иу хатт фефсæрмы уæвæн нæй?!

Уæдæ уыцы «Фонограммæйы тыххæй» закъонæн дæр райсын афон у! Цалдæр азы схæц-ныххæц кæнынц, фæлæ дзы ницы уайы. Нæ уæндынц, æвæццæгæн. Уымæн æмæ шоу-бизнесы когъойы уæрджыты хуызæн  æнгуылдзтæй уайтагъд тымбыл къух рауайы, исчи фонограммæйы ныхмæ куы сдзуры, уæд, æмæ та бирæдзурджыты сæртæн – хафт! Закъон сын сценæмæ фæндаг æхгæны æмæ кæй фæнды адджын царды тæбæгъæй фæцух уæвын…

Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры æмæ ахæм закъонимæ Дзæуджыхъæуы афишæтæй дæр бирæ нæмттæ æрбасатар уаиккой… Ныртæккæ уал адæм æрратæ кæуыл кæнынц, уыдонæй зæгъын…

 

СТАТЬИ
12.03.2024

Торговая сеть запустила новую акцию

26.11.2023

Все, что вы хотели знать о мерах соцподдержки мам

16.11.2023

Торговая сеть запустила предновогоднюю акцию

17.10.2023

Нового министра ВД по Северной Осетии Демьяна Лаптева представили личному составу ведомства

16.10.2023

Во Владикавказе проведут рейд по незаконным нестационарным торговым объектам

13.09.2023

В Северной Осетии появился ВкусВилл

Сообщить об опечатке

Текст, который будет отправлен нашим редакторам: