Пырхмызты хабар…

Фæрнджын ут! Æвзæрдзыхæй дзурынмæ мæ мачи бамбарæд! Ацы уацы номæй зæгъын. Ирон дзырдуаты «фонтан» афтæ тæлмац кодтой иурæстæг – пырхмызт, зæгъгæ. Скъоладзаутæн – худæгæй къæцæлтæ кæныны хос. Ахуыргæнджытæн дæр – афтæ. Цæй, ахуыргæндтæм æнахуыр хъуыдытæ тынг арæх вæййы…

Мæ дзырды сæр æндæр у. Горæты уынгты цы пырхм… эээ… фонтантæ уыдис, уыдоныл. «Уыдис» хуымæтæджы нæ зæгъын. Кæддæр нæ дон ласгæ кодта, стæй нæ ныр дæр ласы. Фæлæ-иу йæ сатæджы пырхæнтæй сæрдыгон æнтæф адæймаджы буарæй чи æрæхсадта, уыцы фонтантæ æбæрæг аххосæгты тыххæй байсыстысты. Советон Цæдисы дуг ма чи хъуыды кæны, уый Дзæуджыхъæуы аив фонтантæ дæр нæ ферох кодтаид. Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн паркæй райдай æмæ исты уагдоны кæртæй фæу: алы ран дæр доны хъæлдзæг хæл-хæл хъус рæвдыдта.

Раст зæгъын хъæуы, абоны онг дæр дзы цалдæр æрхæццæ. Чи йæ раздæры уавæры, кæмæн та æрмæст йе стæгдар. Хуызджын згъæртыл цуангæнджытæ сæ ранæй-рæтты бындзарæй дар ма стыдтой. Уæвгæ, уый æндæр хатты дзуринаг у…

Фæзынд нæм ног фонтантæ дæр. Фæлæ сæ «цардуалдзæджы» мæлыны къахыл ныллæуыдысты. Кæнæ та амардысты ныридæгæн… Зæгъæм, Фонтанты фæз райсæм. Уæртæ БАМы кæй сарæзтой, уый кой кæнын. Уый диссаг у, фæлæ йæ куы арæзтой, уæд-иу телеэкраныл алыхуызы бæрнон кусджытæ ард хордтой дзæнæтон фæлладуадзæн бынат ныззилынæй. Ирон Эдем… Парадиз, иудзырдæй…

фото 1

Йæ райдианты, æвæццæгæн, уырнинаг хъуыддаг дæр уыдаид: сарæзтой дзы, горæты чи нæма уыд æмæ адæм кæй нæма федтой, ахæм фонтантæ. Фæлæ сыл куыдфæстæмæ сæ доны бардуаг пырхмызт фæкодта. Нал сты. Басур сты. Бауымæл вæййынц æрмæст къæвдайы æртæхтæй. Сæ донæмбырдгæнæнтæ та быроны бын фесты: сæлдæджы цъæрттæ, æнæсæр куклатæ, уырыты мæрдтæ, суанг венерикон низтæй хи хъахъхъæнæн «хабæрттæ». Мæ цæстыты цур дзы йæхи бар аззæйæг сывæллон йæ мадмæ иу æрбадавта, ай циу, зæгъгæ. Æрыгон сылгоймаг цæхæртæ акалдта, сабийыл йæхи фыранкау ныццавта, йæ къухтæй йын уыцы «хæзна» акъахта æмæ йæ фæстæмæ фонтаны къуырфмæ ныддыввытт кодта. Стæй сывæллоны фæлмæн ранæн иу къæрц авæрдта æмæ йæ йæ фæдыл æдас бынатмæ ахæр-хæр кодта. Иннæ ахæм, Кировы æмæ Маркусы номыл уынгты тигъыл цы фонтан ис, уый. Растдæр зæгъгæйæ та «уыдис»… Мæнæ йæ хуызист:

фото 2

Акуыста иу-цалдæр азы. Мæнæ-мæнæ уадиссаг нæ уыдис. Фæлæ уæддæр адæмæн уарзон ссис. Арæх-иу абадтысты йæ уæлхъус, йæ цуры цы бæлæстæ зайы, уыдоны аууоны. Зæрдæ йæ иста. Уæлдайдæр, кæддæр йæ бынаты цы цъыфдзаст зæххы гæппæл уыдис, уый хъуыдыгæнгæйæ.

Фæлæ та амæн дæр куыдфæстæмæ дон нал фаг кодта. Байсыстис. Иуцасдæр афтæмæй фæлæууыдис, æмæ йын уалынмæ æрхъуыдыджын адæм схос кодтой. Йæ доны цыхцырджыты бæсты йыл æрцауæгътой электрон цырæгъæ, изæр сæ ссудзынц, фонтаны цур змæлæг куы нал баззайы, уæд. Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ ма уæд кæй хъæуы?! Дондзаст ма куы уыдис, уæд бирæ аивдæр уыдис. Хуры тынтæм-иу йæ пырхæнтæ симды бацыдысты. Ныр та?! Гæгкуырийы лæппынтау уыцы цырæгътæ æфсæйнаг бæлæгътыл кæрæдзийы сурынц, фæлæ сыл æмбисæхсæв стæм цæуæджы цæст йедтæмæ кæй цæст хъуамæ `рхæца?!

фото 3

Цавæр «ноу-хау» у уый та?! Ау, дон рауадзæггаджы хæрдзтæ горæты къазнайы бындур ныззылдтой?! Кæмæн æмæ сæ цæмæн аразынц уыцы фонтантæ, кæд æмæ сæ цæрæнбон иу фæтæпитты бæрц дæр нæ вæййы?!

Цал æмæ цал баисты нæ горæты уыцы мард фонтантæ?! Дæлæ Хъесайы-фырты уынджы Терчы былгæрæттæ саив кæныны рæстæг егъау фонтан йæ цыхцырджытæ арвмæ куы сарæзта, уæд мæхимидæг бацин кодтон: ацы хатт, зæгъын, кæд цардхъом разынид… Ооо, `ртæккæ! Йæ уд та систа уый дæр… Дон дзы нал ис, йæ къæйдуртæ згъæлынц, рохуат кæны…

фото 4

Уæдæ ногсагъд бæлæстæ дæр уыйас къабузджын нæма сты, æмæ сæ аууоны бамбæхсай. Уæд цавæр у?! Фонтаны сатæгхæссæг цыхцырджытæ адæмæн цæмæн хæлæг кæнынц?! Хурбон дзы тезгъо кæнынмæ цы удгоймаг рацæуы, уый хъуамæ фæстæмæ йæ хæдзарыл хæрзфых дзидзайы къуыдырæй сæмбæла?! Мæгъа… Ирон цыхт æмæ чъириты бæрæгбон дæр хорз у, фæлæ мард фонтаны сæрыл рæстæгмæ арæзт сценæйы фæйнæджытæ куы федтон, уæд мæм, бахатыр кæнут, раст чырыны сæрау фæкастысты…

Цымæ ног фонтаны хъысмæт та цавæр уыдзæн? Джызæлмæ фæзилæны цур Олимпаг парчы кæй сарæзтой, уымæй зæгъын. Стыр «дзинæдтимæ» йæ байгом кодтой, адæмæн, дам, дзы, зæгъынц, рацауыны фадат дæр нал уыдис… Æгæр бирæ кæй баисты, уый тыххæй. Дзæуджыхъæуы фыццаг «заргæ фонтан» фонтан у. Гъе, фæлæ ма йæ техникон æууæлтæм гæсгæ хуымæтæджы цыхцырджытæй чысыл аивдæр куы cарæзтаиккой, уæддæр ын ницы уыдаид. Алыхуызы рухсытæй тыбар-тыбур кæны, уый, мæнмæ гæсгæ, абоны уавæрты фаг нал у. Адæм бæстæтыл хæтынц, фендджын сты. Ахæм æгъуыз фонтанæй сæ нал сцыбæл кæндзынæ. Петергоф, Барселонæ æмæ Дубай нæ разæй ма ауадзыны кой мæм нæй, фæлæ иучысыл æрхъуыдыджындæр уæвын хъæуы! Хæрзчысыл… Ау, иу исты дизайнергонд горæты нал ис?!

Цæй, æвæццæгæн, æгæр бирæ цыдæртæ домын. Ног фонтан уал «заргæ» кæй кæны, уый дæр нын æгъгъæд фæуæд. Гъе, фæлæ та уыцы «зарæг» дæр, мыййаг, уайсадæг чындзау куы бамыр уа. Зæгъæм, иннæ азы сæрды…

Цæуон, истытæ акусон…

P.S. Æрмæст ма уæлдæр цы Дубайы кой скодтон, уырдыгæй иу уæлæмхасæн видеоæрмæг… Эхх… Адæм цытæ зонынц…

СТАТЬИ
12.03.2024

Торговая сеть запустила новую акцию

26.11.2023

Все, что вы хотели знать о мерах соцподдержки мам

16.11.2023

Торговая сеть запустила предновогоднюю акцию

17.10.2023

Нового министра ВД по Северной Осетии Демьяна Лаптева представили личному составу ведомства

16.10.2023

Во Владикавказе проведут рейд по незаконным нестационарным торговым объектам

13.09.2023

В Северной Осетии появился ВкусВилл

Сообщить об опечатке

Текст, который будет отправлен нашим редакторам: