Уæлкъæй фых дамгъæтæ

Байриат! Мæстджын, дам, дзураг вæййы, фæзæгъынц… Æвæццæгæн, ацы темæйыл фысгæ дæр нæ кодтаин, нæ алыварс цы бирæ егъау æппæрццæг фæзындтæ уынæм, уыдоны сæрты ахизгæйæ. Фæлæ адæймагæн хатт йæ фæразондзинады тæгтæ æрдынау нытътъæпп кæнынц, йæ цæст æнæрастдзинæдтыл, кæм нæ хъæуы, уым куы `рхæцы, уæд. Уæвгæ, æнæрастдзинад хъуамæ иу ран дæр ма уынæм… Фæлæ кæм ис ахæм амонд… Кæддæр мæ зæгъинæгтæ абоны фыстыты фæдыл зæгъгæ дæр кодтон телестудийы бартæй спайда кæнгæйæ. Хæрзаг мæ исчи æдылы рахуыдта! Æмæ цы?! Рахонæд… Фæлæ та йæ уæддæр зæгъдзынæн, æррадоны мын исчи бынатæй зæрдæ куы бавæра, уæддæр…

Цæвиттон, цалдæр боны размæ Ирыстонмæ ссыди мæ хорз хæлар. Ардыгон у, фæлæ ныр фæсарæнты цæры. Йæ фыдыбæсты рагæй нæ уыди. Мæ хъуырмæ мæ скодта, Намысы аллейæ мын фенын кæн, зæгъгæ. Араст стæм иу фæлладуадзæн бон. Сфæнд кодтам фистæгæй ссæуын, фæндагыл кæрæдзийæн нæ хабæрттæ кæнгæйæ. Нæ ныхмæ цы трамвайтæ згъордтой, уыдоны фæрстæй иуыл мæ цæст æрхæцыд рекламон хъусынгæнинагыл. Ныр дæр æй не `мбарын, сæрбынмæ йыл æй цæмæн баныхæстой, уый. Худæндзаст зæронд усæй цы хъазынц, цы йæ сфæлдæхтой?! Бирæ фæхъуыды кодтон æмæ йæ бамбæрстон, фыстытæ куыд бакæсæн ис, уый: хъуамæ бадай уыцы трамвайы, дахи хъуамæ дæ бичъы онг рудзынгæй радарай æмæ сæм уæлейæ бынмæ æрфæлгæсай. Мæ телефонмæ ма бæргæ фæлæбурдтон, историйы ацы диссаджы ныв ныууадзон, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ трамвай йæ зылын рельсытыл рахау-бахаугæнгæ адард ис. Цæмæй хæйрæг уыдтæн, æмæ кæдæм цæуæм, уым мæ цымыдисы тыппыртæ суаддзынæн…

Схæццæ стæм. Ме `мбал ницыуал дзырдта ингæнты уындæй. Æз дæр æй нæ тыхсын кодтон. Сабыргай цыдис иуæй-иннæмæ, йæ цæст сыл хаста, æдзæмæй-иу сæ цуры алæууыд. Даураты Илитæйы ингæны цур афæстиат. Æз хъуыдыты аныгъуылдтæн, æвæццæгæн сын, зæгъын, исты хæстæг æййафы æмæ ныр ме `мбал йе `гъдау æххæст кæны. Уый дын мæм æваст фæзылд æмæ мæ йæ фарстæй къулыл батъæпп кодта: «Йæ фыды ном та раст фыст цæуылнæ у?!»

даур1

Æмæ йын æз цы зонын, цæуылнæ у?! Чи йæ фыста, уый дзы бафæрс! Раздæр афтæ ахъуыды кодтон… Фæлæ, æвæццæгæн, фаг домаг нал стæм, фыццаджыдæр, нæхимæ! Нæ куыстæй адæм цы зæгъдзысты, уый нæ нал æндавы. Истытæ ныххырт-хырт кæн, де `хца райс, дæ бинонты дзы бафсад æмæ та дыккаг бон хырт-хырт кæнынмæ ацу – уый дын рæстæмбис адæймаджы царды фæтк. Æз та ам цыдæр дамгъæты кой кæнын…

Бæргæ йæ зыдтон, нæ алы уазæджы дæр йæ дыууæ хъусæй цы Номарæн бынатмæ схæр-хæр кæнæм, уым ингæнтыл рæдыдтытæ кæй ис. Фæлæ сæм ме `мбал фемдзаст уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн: скъолайы æвзагимæ баст предметтæ уадиссаг ахуыртæ нæ кодта (бахатыр мын кæнæд!), сæрæн уыд математикæмæ æрмæст. Зæгъын, гъер, уый кæцæй зоны, «Кирилл» «КириЛЛ» фысгæ у, уый? Зоны!

Ме `мкурсон чызг мæ зæрдыл æрбалæууыд… Куы райгуырд, уæд ын æвдисæндар дæттæг йæ ном рæдыдимæ ныффыста. Афтæмæй дзы «Аксанæ» рауад. Паспортмæ дæр уæдæ рæдыд, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы-иу гæпп баласта. Фæстæдæр-иу æй искуы исты гæххæттытæ бафыссын куы хъуыд, уæд, дам, мæм-иу тæригъæддаг кæстытæ райдыдтой, ай йæ ном фыссын дæр куы нæ зоны, зæгъгæ. Филологон факультет чи фæци каст, уый…

…Æз дарддæр ингæнтыл зилгæйæ ме `мбалмæ хъусгæ дæр нал кодтон.

Рæдыдтытæ агуырдтон. Аивæй. Куыннæ мæ бамбара, афтæ. Хъуыды ма йæ кодтон, Токаты Асæхы ингæныл дæр дзырдтæ раст фыст кæй нæ уыдысты. Ном, мыггагмæ ницы фау хæссын. Фæлæ дзы бынæй цы фыст уыдис, «ирон зындгонд фыссæг», зæгъгæ, уым иу-дыууæ азы размæ мæ цæст æрхæцыд уырыссаг дамгъæйыл – «Жындгонд». Ныр æй нал федтон. Бæрæг уыд, кæй йæ ныххафтой æмæ йæ ногæй кæй ныффыстой, уый. Гъемæ, æгайтма! Науæд Асæхы ингæныл уæлдай æнаив уыдис ахæм рæдыд æруадзын. Фæлæ дзы иннæтæ нæ аирвæзтысты.

долорез

зин   козон

Дун-Дуне куы сыста, уæддæр Долорес хаста «БИлаонты» мыггаг, Къозонты Сардионы фыды ном «ДОвид», ай-гъай, нæ уыд, Хостыхъоты Зинæ та йæ ном иронау «ЗинА» никуы ныффыстаид… Къозонты Сардионы ингæныл ма разæй РАСТ фыст дæр куы нæ уаид!

Ацы къамтæ фæстæдæр систон. Иунæгæй, куыд ничи мæ фена, афтæ. Æфсæрмы кодтон, рæдыдтытæ ныронг чи нæ бафиппайдта, уый цæст дæр сыл куы `рхæца. Ме `мбал сæ йæхæдæг иууылдæр ссардта, æз ма дис дæр кодтон, куыд ын бантыст, зæгъгæ. Фæлæ цастæ диссаг у, уæлкъæй фых цæкуытау дамгъæтæ фæйнæрдæм кæй фæтахтысты æмæ сæ бынæтты æндæртæ кæй абадтысты? Æмæ ма канд нæмттыл куы уаид хъуыддаг… Стыр дамгъæйæ цæрæнбонты цы ныхæстæ фыстам, уыдон дæр иннæтау ныддæлæмæдзыд сты.

галк

 

бекуз

Уæвгæ, Советон Цæдис модæйы йæхæдæг куы нал ис, уæд ма йын æз та цавæр стыр дамгъæ агурын? Цы йæм æрхауд, ууыл цин кæнæд…

Нæ, фæлæ хъуамæ ахæм цаутæ ма уынæм. Горæты уынгты цы фыстытæ ис, уый нын æгъгъæд фæуæд. Хатт æй уагдоны хицау йæхæдæг дæр нæ фæзоны, цы ныхас равзæрста номæн, уый нысаниуæг. Базары «очин слаткие опелсины», «мьйасо» æмæ «горни мед» чи уæй кæны, уыдонæн дæр уæдæ сæ бар – сæхи. Цы мæрдтæгасгæнæн хойрæгты тæрхæджытæ ис сæ бæрны, уыдоныл бар-æнæбары дзурæг уыдзæн. Фæлæ табуйаг бынаты — уыдонмæ та, æнæмæнг, Намысы аллейæ дæр ахæссæн ис – хивæндæй æнæхъола митæ кæнын не `мбæлы! Нæхи цы худинаг кæнæм?! Ахуыргæндтæ куыд хъусæй лæууынц, уый дисы `фтауы! Райсомæй-изæрмæ «ирон æвзаг сæфы (мæлы, йæ уд исы, адзалы къахыл лæууы)», зæгъгæ, хъæр кæнынæй куы нал æфсæдæм, уæд нæ нæ рæдыдтытæ дамгъæгай раст кæнын цы хъыгдары?! Ницы! Нæ «куыдфæнды»-йы цæстæнгас йедтæмæ!

Йе `нусон бынат ам чи ссардта, уыдонæй та нын хатыр ракургæ у, æвæццæгæн. Сæ амæлæты фæстæ сæ æнгуылдзæй амонинаг кæй кæнæм, уый тыххæй. Фæлæ ардæм адæм куыд цыдысты, афтæ цæудзысты. Гæнæн ис, абонæй дзæвгар фылдæр. Æмæ дзы, мыййаг, исчи æвзагиртасæг куы разына… Цæй, уæд ын йæ филологон миддуне къæссавæлдæхт фæкæндзыстæм, мæнæ, зæгъæм, ахæм знæт хъусынгæнинагæй. Цæмæ `рбацыд, уый дзы куыд ферох уа…

въезл

СТАТЬИ
12.03.2024

Торговая сеть запустила новую акцию

26.11.2023

Все, что вы хотели знать о мерах соцподдержки мам

16.11.2023

Торговая сеть запустила предновогоднюю акцию

17.10.2023

Нового министра ВД по Северной Осетии Демьяна Лаптева представили личному составу ведомства

16.10.2023

Во Владикавказе проведут рейд по незаконным нестационарным торговым объектам

13.09.2023

В Северной Осетии появился ВкусВилл

Сообщить об опечатке

Текст, который будет отправлен нашим редакторам: