РЫНЧЫН ÆНÆНИЗДЗИНАДÆН – «ÆГЪДАУ»?!

Байриат! Уæллæй, цардæй хуыздæр сценарист никуыма ничи басгуыхт… Цыфæнды киноныв райс, уæддæр нын нæ абоны æцæгдзинадæй ист нывтæ æййафгæ дæр нæ акæндзæн… Иу ахæм хабар та уын ис мæ зæрды ракæнын. Мемæ чи кусы, уыцы адæймаг мын æй радзырдта. Фыццаг мæм афтæ фæкаст, æмæ мын цыдæр хъæлдзæг цауы кой кæны. Фæлæ дзы худæгæй къæцæлтæ кæнынæн мур дæр ницы ис…

Цæвиттон, йæ чысыл лæппуйæн йæ дæндаг срыст. Дæндаджы рыстæн та ас лæг дæр нæ фæразы. Атындзыдтой дохтырмæ, сывæллæтты поликлиникæ, кæд æй исчи, мыййаг, æрбайрох кодта, уæд ис Леваневскийы номыл уынг æмæ Къостайы проспекты тигъыл. Мæн нæ ферох… Дыууæ хатты цыбырдæр ма куы уыдтæн дæргъмæ, уæд мæн дæр мæ мад иубон ам æрбалæууын кодта. Æвæццæгæн, мæ дæндаг рыст, æндæр ахæм ранмæ барвæндонæй чи саккаг кæндзæн… Уый нæ хъуыды кæнын. Фæлæ дзы куыд æрдиаг кодтон, уый мæ абон дæр нæ ферох! Цыдæр былдауæн ныхæстæй мæ, йæ уæрх йæ дæргъæй кæмæн нæ хицæн кодта, уыцы сылгоймаг-дохтыр бандоны ныссагъта. Цалынмæ йæ ныхæстæ дарддæр суадонау хæл-хæл кодтой, уæдмæ мæ къухтæ баст æрцыдысты. Æз мæ дæндаджы рыстæй афтæ сфæлмæцыдтæн, æмæ дохтырæн мæ цæстæнгасæй лæгъстæ кодтон, рæвдздæр ма архай, ома. Эх… Абоны зонд мæм куы уыдаид… Уæллæй, мæ дæндæгтæ иууылдæр куы рыстаиккой, уæддæр хъыппсыпп дæр не скодтаин!

Дохтыр дæр «архайдта» — ме `фсæртæ мын йе `нгуылдзтæй цæстыфæныкъуылдмæ фегом кодта æмæ мын мæ дæндагыл аркъауæй ныззæгæл. Уæд цæй уколтæ уыдис – æз мæ сæрыл систон мæ хъæрæй бæстæ! Уалынмæ дыккаг дæндаг… æртыккаг… æмæ мын дохтыр ме `фсæрæй зæронд быру рауайын кодта. Мæ къухты баст куыд феуæгъд æмæ уынгмæ кæуылты федде дæн, уый нал бамбæрстон. Фæлæ уæдæй фæстæмæ дæндаджы дохтыртæн æрмæст сæ уындæй дæр тæрсын райдыдтон… Дæргъвæтин рæстæг сæм нал бафтыдтæн уый тыххæй. Бузныг мæ хорз хæлар Руслан Якубовæн, дæсны дохтырæн, йæ руаджы та ногæй ме `ууæнк йæ гаччы сбадт. Фæлæ цæуыл дзурын, уымæ раздæхæм.

ФОТО 1

Ме `мкусæг поликлиникæмæ куы ныфтыд, уæд æй радгæс дохтырмæ бацæуын бахъуыд. Карджын (æвæццæгæн, фæлтæрдджын) уыдис лæг. Сывæллоны æууилæнтæм куы `ркаст, уæд цауд дæндаг уайтагъд федта. Укол ын скодта æмæ йæ йæ мадимæ æддæмæ рарвыста. Иу-дæс минуты рацыдаид, афтæ мад йæ лæппуйы ногæй дохтырмæ бакодта. Уый сфæнд кодта сылгоймаджы фæстæмæ æддæмæ рарвитын, фæлæ мад мидæгæй баззад. Æрмæст æддæдæр слæууыд. Дохтыр нывнæлдта… къæрцц… æмæ аркъауы фындзыл дæндаг фелвæста. Дыккаг хатт сывæллоны `фсæрмæ куы нывнæлдта, уæд мад йæхимидæг ахъуыды кодта: «Æвæццæгæн, ласгæ-ласын дæндаг асаст æмæ йын дохтыр йæ иннæ схъис дæр ныртæккæ фæуæле кæндзæн». Æцæгæйдæр, фæуæле кодта… Сывæллоны дзыхы бæмбæджы гуцъула анадта æмæ сæ рарвыста йæ мадимæ. Иу-ссæдз минуты рацыдаид, афтæ мад лæппуйæн йæ бæмбæг аппарын кодта. Æри-ма, фенон, дохтыр дын дæ дæндаг куыд сласта, зæгъгæ, сывæллоны дзыхмæ æркаст… Царциатæ!!! Рынчын дæндаг йæ бынаты куыд уыдис, афтæмæй баззад! Мад фæкуыддæр ис… Уæдæ йæ сывæллоны дæр нæ фæивддзаг кодта, ай-гъай! Лæмбынæгдæр куы æрысгæрста лæппуйы дæндæгтæ, уæд йæ къæхтæ йæ быны фæтасыдысты: дохтыр бинаг æфсæрæй иу æууилæн дæндаджы бæсты уæллаг æфсæрæй раззаг дæндæгтæй дыууæ фæцъортт ласта! Иу хатт ма: БИНАГ æфсæрæй ИУ арф æвæрд дæндаджы бæсты УÆЛЛАГÆЙ — раззаг ДЫУУÆ!

Сылгоймаг фæстæмæ дохтырмæ балæууыд æмæ йемæ загъд самадта. Дохтыр ныллæууыд, кæцытæй, дам, мын загътай, уыдон сластон, зæгъгæ… Ног диссаг! Æмæ, зæгъæм, бынтон йæ чемы чи нæй, ахæм адæймаг дохтырмæ куы бацæуа, мæ рахиз къухы æнгуылдзтæ мæм даргъдæр кæсынц, зæгъгæ, уæд ын сæ хъуамæ фæрæтæй æрцамайа?! Хайады сæргълæууæг æнæхъæн поликлиникæйы разынд уыцы иунæг адæймаг, мадæй хатыр чи ракуырдта… Нæдæр дохтырæн йæхимæ, нæдæр та поликлиникæйы сæйраг дохтырмæ разынд уыцы хъару. Уый нæ, фæлæ ма цыдæр диссагæй сывæллоны гæххæттытæ дæр «нал арынц»… Гæнæн ис, фæстæдæр сæ «ссардзысты» ног фыстытимæ!

Сывæллæтты дæндæгтæ дзæбæхгæнæн поликлиникæйæ сылгоймаг фыцгæйæ рацыд æмæ æндæр клиникæйы балæууыд. Рынчын дæндагмæ `ркæсгæйæ сын дохтыр зæрдæ бавæрдта, ласыны размæ уал ын йе сдзæбæх кæныныл кæй бацархайдзæн. Æмæ архайы… Æмæ йын æнтысы…

ФОТО 2

…Цыдæр кæй кæны не `нæниздзинад, уый бæлвырд у. Адæмæн æндæр мацы авæр, дохтыр сын æххуыс нæ, фæлæ знаггад кæй æрхаста, уый кой акæнынæй. Алы рынчындонмæ, алы поликлиникæмæ дæр ис фау æрхæссæн, ном ын цы дохтыртæ кæнынц, уыдоны куыстыл фæдызæрдыг уæвын. Чи нæ нæ фехъуыста, ам нæхимæ кæмæн нæ баххуыс кодтой, уыцы рынчыны Мæскуымæ, Налцыккмæ, Краснодармæ, Ростовмæ, Израильмæ, Германимæ (суанг Гуырдзыстонмæ дæр!) аластой, зæгъгæ, хабæрттæ. Æмæ цæмæн?! Цæмæн ахæм æнæууæнкдзинад ис ирыстойнаг дохтыртæм?! Дзуапп дæрдтыл агурын нæ хъæуы. Иу цауд дæндаджы бæсты дзæбæхтæ дыгæйттæй чи ласы, ахæмты тыххæй! Стæй канд дæндагыл нæ цæуы ныхас… Тæригъæд кæнын, йæ урс халаты сæйгæ адæймаджы уæлхъус цырагъау чи лæууы, йæ зонындзинæдтæ æмæ йын йæ рæстæг чи не `вгъау кæны, Гиппократы ардбахæрдыл йæ зæрдæ чи нæ сивта, уыцы Дохтыртæн! Чысыл не сты. Фæлæ йæ ахуыр тыхтæ-амæлттæй чи фæцис, адæймаджы цард йæ къухы кæй ис, уый не `мбарæг «дохтыргæндты» тыххæй адæм фæзминæгтыл дæр цъыфкалæн кæнынц. Ницы бакæнæн ис уымæн: адæймаджы психологи у ахæм – æвзæрдзинад зæрдыл хуыздæр дары. Ме `мкусæг ныр куыд хъуамæ ферох кæна, йæ сывæллон дыууæ æнæниз дæндагæй кæй тыххæй фæцух, уыцы дохтыры?! О, лæппу байрæздзæн, ног дæндæгтæ йыл æрзайдзæн… Фæлæ уæд та искæй уды цæрæнбон дохтыры февнæлдæй аразгæ у?! Æмæ ахæм дохтыры къухмæ куы бахауа, уæд та цы хъуамæ кæна?! Мæрддзæгтæ хъуамæ балхæна рагацау?! Худинаг æмæ `рдиаг!..

Уæдæмæ уал «æгъдæуттæ» домыны размæ дохтырты сæрхъуызой йæ дæлбар кусджыты зонындзинæдтæм æркæсæд. Рынчынæн хорзы куы бацæуай, уæд уыцы «æгъдау» скæнын йæхи сæр дæр æрцахсдзæн. Исты ирæттæ не стæм… Тыххæй куы домай «æгъдау», уæд уымæн та æндæр ном ис – «гæртам»! 3 минæй къаддæр уа, æви фылдæр – уæлдай нæу. Нæ фидауы ацы рагон дзырдæй хынджылæггаг аразын… Иу нысаниуæг ис «æгъдауæн». Фæлæ диссаг у, нырыккон дуг ын цы хъæздыг ахорæнтæ радта, уыдон нæ республикæйы цæрджытæ куыд уайтагъд ацахсынц, уый… Йæ адæмыхатт цавæрфæнды куы уа, уæддæр!

Цæй, цæуон… Истытæ акусон… Цалынмæ ма ницытæ загътон ноджыдæр, уæдмæ…

P.S. Хатыр курын мæ хæлар дохтыртæй, йæ ном чи никуы фæчъизи кодта, уыдонæй. Тынг сæ нæ фæндыд, цæмæй ацы уац ныффыстаин, уый. Худинаджы гагк уыдоныл дæр кæй бады, уый æмбарынц, уæддæр сын зын вæййы дохтырты тыххæй знæт ныхас. Фæлæ Аристотелы загъдау, æцæгдзинад Платонæй зынаргъдæр у…

СТАТЬИ
12.03.2024

Торговая сеть запустила новую акцию

26.11.2023

Все, что вы хотели знать о мерах соцподдержки мам

16.11.2023

Торговая сеть запустила предновогоднюю акцию

17.10.2023

Нового министра ВД по Северной Осетии Демьяна Лаптева представили личному составу ведомства

16.10.2023

Во Владикавказе проведут рейд по незаконным нестационарным торговым объектам

13.09.2023

В Северной Осетии появился ВкусВилл

Сообщить об опечатке

Текст, который будет отправлен нашим редакторам: